ПӔК Арӕнгӕрон службӕ дарддӕр фидар кӕнынц Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны хсӕн арӕнтӕ

© Sputnik / Наталья АйриянХелцуайы хъӕу
Хелцуайы хъӕу - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитет (ПӔК) дарддӕр фидар кӕны хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг арӕн. Уый тыххӕй хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.
"Ныртӕккӕ куыстытӕ уагъд цӕуынц 700 метры дӕргъӕн фадыгыл Цхинвалы районы цӕрӕн пункт Хелцуайы цур", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Нысангонд ӕрцыд, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны ӕхсӕн паддзахадон арӕны хӕрзарӕзтад цӕуы республикӕйы законтӕм гӕсгӕ, афтӕ ма ӕхсӕнадӕмон барады нормӕтӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ. ПӔК фехъусын кодтой, ацы мадзӕлтты нысаниуӕг кӕй у "сӕххӕст кӕнын бынӕттон цӕрджыты ӕдасдзинад ӕмӕ аиуварс кӕнын ӕнӕзаконон архӕйдтытӕ паддзахадон арӕнты цур".
Комитет сиды Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ ӕмӕ уазджытӕм ӕмбаргӕ ахаст дарын ахӕм мадзӕлтты реализацимӕ. Уагдоны рекомендаци радтой районон ӕмӕ хъӕууон администрациты сӕргълӕуджытӕн ӕххуыс кӕнын арӕнгӕрон органтӕн фидар кӕнын паддзахадон арӕн, афтӕ ма уадзын ӕмбарынгӕнӕн куыст бынӕттон цӕрджыты ӕхсӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0