Уӕрӕсейы ӕфсӕдтӕ скуынӕг кодтой европӕйаг ӕххуырст ӕфсӕддонты дӕлхайӕдты Украинӕйы

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæУӕрӕсейы уӕлдӕфон-космикон ӕфсӕдтӕ
Уӕрӕсейы уӕлдӕфон-космикон ӕфсӕдтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 май – Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон-космикон ӕфсӕдтӕ иу суткӕмӕ скуынӕг кодтой ныхмӕлӕууӕджы фӕткдаруаты дыууӕ пункты, украинӕйаг ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ техникӕйы 31 лӕууыны бынаты, сӕ нымӕцы европӕйаг бӕстӕтӕй ӕххуырст ӕфсӕддонты дӕлхайӕдты. Уый тыххӕй брифингыл фехъусын кодта Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады официалон минӕвар инӕлар-майор Игорь Конашенков.
"Иу суткӕмӕ Уӕрӕсейы уӕлдӕфон-космикон ӕфсӕдтӕ дырыс ракетӕтӕй скуынӕг кодтой фӕткдаруаты дыууӕ пункты, се хсӕн территориалон хъахъхъӕнынады штаб Донецкы Адӕмон Республикӕйы цӕрӕн пункт Соледары районы, афтӕ ма украинӕйаг ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ техникӕйы 31 лӕууыны бынаты, сӕ нымӕцы европӕйаг бӕстӕтӕй ӕххуырст ӕфсӕддонты дӕлхайӕдты Николаев ӕмӕ Красногорскы", - фехъусын кодта уагдоны минӕвар.
Уымӕй дарддӕр ӕфсӕддон аэродромы Днепропетровскы районы скуынӕг кодтой дыууӕ украинӕйаг хӕдтӕхӕджы Су-24, Николаевы районы украинӕйаг зенитон ракетон комплекс С-300-йы дивизион, афтӕ ма Украинӕйы Гарзджын тыхты ракетон-артиллерион хӕцӕнгарз ӕмӕ хӕстӕрмӕджыты цыппар ӕфтауцы Донецкы Адӕмон Республикӕйы цӕрӕн пункттӕ Угледар, Покровское, Соледар ӕмӕ Бахмуты районты.
Танктӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.05.2022
Донецкы Адӕмон Республикӕйы тыхтӕ ссӕрибар кодтой цӕрӕн пункт Дробышево
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 172 хӕдтӕхӕджы, 125 вертолеты, 927 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 311 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 3139 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 389 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 1548 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 2997 иуӕджы.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.
Ног хабӕртты лентӕ
0