Зиу Ӕртӕ Иууоны Кувӕндоны: сыгъдӕг бынӕттӕ ӕфснайын куыд рӕзгӕ фӕлтӕры хъомыладон фӕрӕз

© Из личного архива Анны КокоевойӔртӕ Иууоны аргъуан Гъуертеуы
Ӕртӕ Иууоны аргъуан Гъуертеуы  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 май – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Гъуертеуы хъӕуы сӕрмӕ ӕфснайд ӕмӕ ӕркаст хуызы фӕлгӕсы Ӕртӕ Иууоны Кувӕндон.
© Из личного архива Анны КокоевойӔртӕ Иууоны аргъуан Гъуертеуы
Село Гвертеу Знаурского района Южной Осетии. Церковь святой Троицы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.05.2022
Ӕртӕ Иууоны аргъуан Гъуертеуы
Сыгъдӕг бынат ӕнӕхъусдард нӕ уадзынц хъӕуы цӕрджытӕ, ацы комӕй рацӕугӕ адӕм, ӕрдӕджы та рӕсугъд фӕрнджын бынат бафснайын бафӕндыд Хуссар Ирыстоны Ӕфснайӕн банчы коллективы.
"Мах хъуыды кодтам бафснайын Чъимасы цӕугӕдоны былгӕрон улӕфӕн бынӕттӕ, фӕлӕ нӕ коллективы кусы гъуертеуаг лӕппу ӕмӕ нын уый банхъардта ацы кувӕндонӕн балӕггад кӕнын", - загъта банчы хистӕр Дзуццаты Дмитрий.
Ӕфснайӕн зиуы хайад райста коллективӕн йе 'мбис, семӕ ацыдысты сӕ зӕнӕг дӕр.
"Сывӕллӕттӕн та уый ссис ӕвӕрццаг дӕнцӕг, хъомылад. Ӕрдз, уӕлдайдӕр та сыгъдӕг бынат бырон кӕнын кӕй нӕй гӕнӕн. Нӕ фарсмӕ балӕууыдысты быроны рацарӕзты фирмӕ "Чистый мин". 20 голладжы дзы ӕрӕмбырд кодтам", - бафтыдта уый.
© Из личного архива Анны КокоевойӔртӕ Иууоны аргъуан Гъуертеуы
Село Гвертеу Знаурского района Южной Осетии. Церковь святой Троицы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.05.2022
Ӕртӕ Иууоны аргъуан Гъуертеуы
Банчы хистӕры ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕ куыстуат дӕр компани "Мегафон"-ау ацы акци фӕнд кӕны саразын ӕрвылмӕйон.
"Мегафоны кусджытӕ сӕ дӕлбар бакодтой Сау дзуары сыгъдӕгдзинад ӕмӕ у иттӕг хорз хъуыды, махӕн дӕр ис ӕнгӕс хъӕппӕрис, фыццаг рады уал нӕ ӕфснайӕн зиутӕ сӕрды араздзыстӕм ӕрвылмӕй дӕр", - балхынцъ кодта Дзуццаты Дмитрий.
© Из личного архива Анны КокоевойӔртӕ Иууоны аргъуан Гъуертеуы
Село Гвертеу Знаурского района Южной Осетии. Церковь святой Троицы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.05.2022
Ӕртӕ Иууоны аргъуан Гъуертеуы
Гъуертеуы хъӕуы ис ӕртӕ кувӕндоны, уыдон сты сыгъдӕг Гиуӕргийы номыл, Ӕртӕ Иууоны ӕмӕ ма дзы ис ӕбӕлвырд кувӕндоны кӕлӕнтӕ.
"Ӕртӕ Иууоны дзуар нӕ бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ у Х-ХIV ӕнусы амад, бынӕттон дурӕй конд. Сыгъдӕг Гиуӕргийы кувӕндон та нымад цӕуы Астӕуккаг ӕнусты кӕрӕтты арӕзтадыл. Ӕртыккаг кувӕндон ис бырӕнты ӕмӕ нӕм нӕй уый тыххӕй бӕстон бӕрӕггӕнӕнтӕ", - загъта Sputnik историон ӕмӕ культурон бынты фӕдыл культурӕйы министрады хайады хистӕр Багаты Лариса.
Ӕрвылаз Гъуертеуы Ӕртӕ Иууоны дзуары бынмӕ ӕрӕмбырд вӕййы бирӕ адӕм, нысан цӕуы Куадзӕны фӕстӕ дыццӕджы, Ирыстоны къуымты куы бӕрӕг кӕнынц Санибайы бон, уӕд.
"Хъӕуӕй ацӕугӕ Кокойты Анатолий йе ' фсымӕртимӕ ацы кувӕндон ӕнӕркаст нӕ уадзы, ӕнӕхъусдард нӕу йӕ фӕндаг дӕр. Йӕ фарсмӕ арӕзт ӕрцыд бадӕн бынат дӕр. Бирӕ адӕм цӕуы арӕдӕм канд кувӕн бонты нӕ, фӕлӕ рӕсугъд бынат фенынмӕ", - дзуры Кокойты Аннӕ, кӕцыйы фыдӕлтӕ рацыды сты ацы хъӕуӕй.
© Из личного архива Анны КокоевойӔртӕ Иууоны аргъуан Гъуертеуы
Село Гвертеу Знаурского района Южной Осетии. Церковь святой Троицы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.05.2022
Ӕртӕ Иууоны аргъуан Гъуертеуы
Хуссары Ирыстоны цӕрджытӕй цы хъӕутӕ рацух сты, уым дӕр ӕнӕуазӕг не 'сты кувӕндӕттӕ. Аз иу хатт уӕддӕр сӕхи фӕдзӕхсынмӕ фӕцӕуынц уыцы кӕмттӕй рацӕугӕ адӕм.
Ног хабӕртты лентӕ
0