Биасты Темболат: ХМИ-йы студенттӕ ахуыр кӕндзысты ӕфсӕддон хъуыддаг

Биасты Темболат: ХМИ-йы студенттӕ ахуыр кӕндзысты ӕфсӕддон хъуддаг
Рафыссын
Цӕгат Кавказы Хӕххон-Металургон институтмӕ (ЦКХМИ) ацы аз цы ӕвзонг адӕм бацӕуой ахуыр кӕнынмӕ, уыдонӕн 2023 азы амондзысты ӕфсӕддон хъуыддаг ӕфсӕддон-ахуырадон бындурыл. Уый тыххӕй фехъусын кодта ЦКХМИ информацион-аналитикон хайады сӕргълӕууӕг Биасты Темболат. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахуырадон уагдоны 2008 азмӕ уыд ӕфсӕддон кафедрӕ, фӕлӕ стӕй ӕхгӕд ӕрцыд.
"Уӕды рӕстӕджы нӕм рауагътой фӕсауӕрцы офицерты стратегион объектты хъахъхъӕнынады къабазыл, ӕмӕ ныр 14 азы фӕстӕ ахӕм фадат фӕстӕмӕ фӕзынд. Ӕцӕг ныр кафедрӕ нал уыдзӕн, фӕлӕ Дзӕуджыхъӕуы республикон ӕхсӕнахуырадон ӕфсӕддон центр", - банысан кодта Темболат.
Биасты Темболат куыд бафиппайдта, уымӕ гӕсгӕ ӕфсӕддон хъуыддаг ахуыркӕнынӕн рахицӕн кодтой квотӕтӕ, ис гӕнӕн ӕмӕ уыцы бынӕттӕм арӕзт ӕрцӕуа конкурс.
"Ӕртӕ сӕйраг къабаз снысан кодтой ахуыркӕнынӕн: сӕрмагонд радиотехникон системӕтӕ, артиллеристон системӕтӕ ӕмӕ ӕхстон-сармадзанон хӕцӕнгарз", - радзырдта Темболат.
Уый бахахх кодта, ахуырадон-ӕфсӕддон центры кӕй уыдзӕн фадат ахуыр кӕнынӕн Хӕххон-Металургон институты ӕмӕ Цӕгат Ирыстон Паддзахадон университеты студенттӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0