Бзарты Руслан: Алани уыд иууыл рагондӕр расткадон бӕстӕ нырыккон Уӕрӕсейы территорийыл

Бзарты Руслан: Аланийы паддзахад уыд иууыл рагондӕр расткадон бӕстӕ нырыккон Уӕрӕсейы территорийыл
Рафыссын
Цӕгат Ирыстон-Аланийы мыхуыры рацыд 17 чиныджы проект "Аланская библиотека"-йы фӕлгӕтты. Историк, профессор Бзарты Руслан куыд радзырдта радио Sputnik Хуссар Ирыстонӕн, уымӕ гӕсгӕ чингуыты рауагъдад нывонд уыд Аланийы паддзахады дзуарӕфтыды 1100 азмӕ.
"Аивадон литературӕмӕ бахаудтой Галаты Борисы монон зарджыты ӕмбырдгонд. Тематикон скондмӕ кӕй хаудтой, уый тыххӕй сӕ бахастам рауагъдады хыгъдмӕ", - загъта Бзарты Руслан.
Профессоры ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы бӕрӕгбон у ӕппӕтуӕрӕсейон паддзахадон ӕмвӕзадыл, уый бӕлвырд кӕны, Аланийы паддзахад кӕй уыд нырыккон Уӕрӕсейы терртиорийыл иууыл рагондӕр чырыстон бӕстӕйыл нымад.
"Иуӕй-иу хатт фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, Хъырым куы раздӕхт Уӕрӕсейы скондмӕ, уый фӕстӕ нымад у Уӕрӕсейы иууыл рагондӕр чырыстон регионыл. Фӕлӕ уый бынтон афтӕ нӕу, уымӕн ӕмӕ Хъырымы уыд кӕддӕридтӕр бирӕнацион ӕхсӕнад, цы ран алантӕ ахстой иууыл зынгӕдӕр бынат, ныры онг дзы цы адӕм ис, уыдоны ӕхсӕн", - бахахх кодта историк.
Лӕмбынӕгдӕр байхъусут аудиоӕрмӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0