Профессор Битарты Зоя ирон æвзагзонынады сæйраг фарстыты тыххæй

Рафыссын
Хуссар Ирыстоны Зонад-Иртасæн институты фыццаг хатт ауагътой Гæбæраты Никъалайы номыл мадзал. Гæбæраты Никъала уыд филологон зонæдты доктор, профессор, Хуссар Ирыстоны зонæдты сгуыхт архайæг, Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат, "Цыты Орден"-ы кавалер, Уанеты З. номыл ХИЗИИ-йы ирон æвзаджы хайады разамонæг 1961 азæй суанг йæ амæлæты онг. Зыдта ирон, уырыссаг, зæрондславяйнаг, гуырдзиаг, англисаг æвзæгтæ, йæ сæрмагонд куыстыты нымæц абоны бон æххæссы 200-йæ фылдæрмæ.
Мадзалы хайад райстой РХИ Ахуырады министр Гасситы Натали, ХИПУ-йы кусджытæ, афтæ ма республикæйы интеллигенцийы минæвæрттæ. Рабадты докладтимæ рахызтысты Зонад-Иртасæн институты кусджытæ. Уыдон лæмбынæгæй æрдзырдтой зындгонд ахуыргонды цард æмæ архайдыл. Докладгæнджытæй сæ иу филологон зонæдты кандидат, профессор Битарты Зоя æрбауазæг ис радио Sputnik Хуссар Ирыстоны студимæ.
Куыд банысан кодта Битарты Зоя, афтæмæй Гæбæраты Никъалайы номыл мадзал баиу кодтой, ирон æвзаг æмæ литературæйы боны цытæн цы конференци хъуамæ ауагътаиккой, уыимæ. Афтæ ма профессор æрдзырдта ныры дуджы зонады сæйраг фарстытыл, уыимæ иумæ ма зонадон къабазы чи архайы, уыцы æвзонг фæлтæр цавæр ныхдуртимæ æмбæлынц, уыдæттыл.
Бæстондæрæй кæсут Sputnik Хуссар Ирыстон видеоалæвæрды.
Ног хабӕртты лентӕ
0