УФ ФХМ сæргълæууæджы хæдивæг: Мæскуы йæ хъус дардзæн Хуссар Ирыстоны референдумы ацыдмæ

© Пресс-служба Госдумы РФ /  Ахизын медиабанкмæУФ Федерацийы Совет
УФ Федерацийы Совет  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.05.2022
Рафыссын
Мæскуы йæ хъус дардзæн Хуссар Ирыстоны 17 июльмæ снысангонд референдум куыд ацæудзæн, уымæ. Уый тыххæй загъта УФ фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Андрей Руденко Паддзахадон думæйы рабадтыл, хъусын кæны РИА Новости.
Уыимæ министры хæдивæг банысан кодта, зæгъгæ, референдумы темæ æмæ йæ фæстиуджытыл дзургæйæ хъæуы бахынцын æппæт геополитикон фактортæ дæр.
"Ам хъæуы бахынцын геополитикон фактортæ иууылдæр, уыимæ ныртæккæйы геополитикон уавæр, афтæм ма йæ рæстæг æрцыд æви нæ, афы фарст абон скъуыддзаггæнгæ у, æви нæ, уыдæттæ дæр", - загъта Руденко рабадты рæстæджы йæ раныхасы.
Амæй размæ Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бафыста барамынд референдум 17 июльмæ снысан кæныны фæдыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0