https://sputnik-ossetia.com/20220520/khabatyr-ama-barnon-prisy-fastag-kharzbon-zagtoy-donbassy-famarduavag-bestauty-atsamazan-16793907.html
Хъӕбатыр ӕмӕ бӕрнон: Присы фӕстаг хӕрзбон загътой Донбассы фӕмардуӕвӕг Бестауты Ацӕмӕзӕн
Хъӕбатыр ӕмӕ бӕрнон: Присы фӕстаг хӕрзбон загътой Донбассы фӕмардуӕвӕг Бестауты Ацӕмӕзӕн
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 20 май – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны фӕстаг хӕрзбон загътой Цхинвалы районы цӕрӕг Бестауты Ацӕмӕзӕн, кӕцы фӕмард сӕрмагонд ӕфсӕддон... 20.05.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-05-20T16:13+0300
2022-05-20T16:13+0300
2022-05-20T16:13+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/05/14/16791568_0:160:3072:1888_1920x0_80_0_0_1b4f2762614eb9cc87eb70a45751849d.jpg
ЦХИНВАЛ, 20 май – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны фӕстаг хӕрзбон загътой Цхинвалы районы цӕрӕг Бестауты Ацӕмӕзӕн, кӕцы фӕмард сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы рӕстӕджы Украинӕйы.Граждайнаг панихидӕ ацыд Ацӕмӕзы райгуырӕн хъӕу – Присы. Бестауты Ацӕмӕзы афӕндараст кӕнынмӕ ӕрбацыдысты сӕдӕгай адӕм: республикӕйы хицауад ӕмӕ парламенты уӕнгтӕ, 4-ӕм уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы минӕвӕрттӕ, афтӕ ма йе 'мгӕрттӕ ӕмӕ ӕмкусджытӕ."Ацик райгуырд нӕ республикӕйӕн уӕззау рӕстӕджы – нӕ хуссарварс знаг нӕм хӕстимӕ куы ӕрбацыд. Уый схъомыл ис хӕстон рӕстӕджы ӕмӕ йӕ цард дӕр ахицӕн хӕсты", - загъта Бестауты бинонты хӕстӕг Туаты Алан.Уый банысан кодта, Ацӕмӕз кӕй уыд тынг хъаруджын, ӕмӕ ацыд сӕрмагонд ӕфсӕддон операцимӕ дыууӕ хатты.Бестауты Ацӕмӕзы йӕ амӕлӕты фӕстӕ схорзӕхджын кодтой майданӕй "Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕгӕн". Бинонтӕн майдан радта Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министр Пухаты Владимир.Цыппӕрӕм ӕфсӕддон базӕйы командӕгӕнӕджы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг, гвардийы булкъон Раджаб Алиев базӕйы къухдариуӕгады номӕй хатыр ракуырдта бинонтӕй Ацӕмӕзы кӕй нӕ бахъахъхъӕдтой, уый тыххӕй.Бестауты Ацӕмӕз ӕмӕ Джиоты Ацӕмӕз уыдысты ӕмбӕлттӕ. Уыдон иумӕ ацыдысты Украинӕмӕ, ӕмӕ амардысты иу рӕстӕг. Джиоты Ацӕмӕзы бавӕрдтой цыппӕрӕмы Дзауы поселочы.Бестуты Ацӕмӕзыл цыд 32 азы, баззад йын бинойнаг ӕмӕ дыууӕ сабийы.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/05/14/16791568_172:0:2901:2047_1920x0_80_0_0_5dd2658985bfa13f9af1dce25040efbe.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
ЦХИНВАЛ, 20 май – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны фӕстаг хӕрзбон загътой Цхинвалы районы цӕрӕг Бестауты Ацӕмӕзӕн, кӕцы фӕмард сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы рӕстӕджы Украинӕйы.
Граждайнаг панихидӕ ацыд Ацӕмӕзы райгуырӕн хъӕу – Присы. Бестауты Ацӕмӕзы афӕндараст кӕнынмӕ ӕрбацыдысты сӕдӕгай адӕм: республикӕйы хицауад ӕмӕ парламенты уӕнгтӕ, 4-ӕм уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы минӕвӕрттӕ, афтӕ ма йе 'мгӕрттӕ ӕмӕ ӕмкусджытӕ.
"Ацик райгуырд нӕ республикӕйӕн уӕззау рӕстӕджы – нӕ хуссарварс знаг нӕм хӕстимӕ куы ӕрбацыд. Уый схъомыл ис хӕстон рӕстӕджы ӕмӕ йӕ цард дӕр ахицӕн хӕсты", - загъта Бестауты бинонты хӕстӕг Туаты Алан.
Уый банысан кодта, Ацӕмӕз кӕй уыд тынг хъаруджын, ӕмӕ ацыд сӕрмагонд ӕфсӕддон операцимӕ дыууӕ хатты.
"Фыццаг хатт куы ӕрцыд, уӕд йӕ къух уыд гипсы. Уый йӕхӕдӕг систа гипс ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхт, цӕмӕй афтӕ мачи ахъуыды кӕна, хӕстӕй кӕй фӕтарст. Ирӕттӕ тохмӕ алыхатт дӕр фыццӕгтӕ цӕуынц", - банысан кодта уый.
Бестауты Ацӕмӕзы йӕ амӕлӕты фӕстӕ схорзӕхджын кодтой майданӕй "Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕгӕн". Бинонтӕн майдан радта Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министр Пухаты Владимир.
Цыппӕрӕм ӕфсӕддон базӕйы командӕгӕнӕджы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг, гвардийы булкъон Раджаб Алиев базӕйы къухдариуӕгады номӕй хатыр ракуырдта бинонтӕй Ацӕмӕзы кӕй нӕ бахъахъхъӕдтой, уый тыххӕй.
Бестауты Ацӕмӕз ӕмӕ Джиоты Ацӕмӕз уыдысты ӕмбӕлттӕ. Уыдон иумӕ ацыдысты Украинӕмӕ, ӕмӕ амардысты иу рӕстӕг. Джиоты Ацӕмӕзы бавӕрдтой цыппӕрӕмы Дзауы поселочы.
Бестуты Ацӕмӕзыл цыд 32 азы, баззад йын бинойнаг ӕмӕ дыууӕ сабийы.