Хуссар Ирыстон мысы Зары æбуалгъ трагедийы амæттæгты

© Sputnik / Natalia Airiyan Зары трагеди
Зары трагеди - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.05.2022
Рафыссын
Абон фæдисы дзæнгæрæг айзæлдзæн Зары къуылдымæй, уæлдæфмæ ауадздзысты тымбылæгтæ, сæвæрдзысты дидинтæ, ацæудзæн фыдохы митинг
ЦХИНВАЛ, 20 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны майрæмбоны - Фыдохы боны - мысынц Зары трагедийы амæттæгты.Республикæйы цæрджытæ та ногæй æрымысдзысты, 1992 азы 20 майы сæ фæстаг балцыл цы æнамонд адæм ацыд, уыдон рухс нæмттæ.
29 азы размӕ ацы "царды фӕндагыл" Цхинвалмӕ цы гуырдзиаг лӕгмартӕ тыдтой, уыдонӕй лыгъдысты зӕронд адӕм, сылгоймӕгтӕ, сывӕллӕттӕ. Сӕ автоколоннӕйы раз æмбисбонмӕ ӕввахс бабадтысты гуырдзиаг гарзджын экстремисттæ æмæ сæ фæкодтой автоматон æмæ пулеметон æхсты бын.
Æхст нæ банцад фондз минуты бæрц, уый фæстæ фыдгæнджытæ рахызтысты, цӕмӕй кæронмæ саразой сæ æбуалгъ фыдракæнд.
Зары трагеди - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.05.2020
Цхуырбаты Мира Зары трагедийы тыххӕй: горӕт уыд маст ӕмӕ тасы бын
Республикæйы ног историйы иууыл уæззаудæр бон ахаста 33 адæймаджы цард, тугӕрхӕм трагедийы 14 адæймаджы та фесты уӕззау цӕфтӕ. Фӕмардуӕвджытӕй иууыл кӕстӕрыл цыд 11 азы, хистӕрыл та — 73.
Трагедийы бынаты 2007 азы бакодтой мемориалон комплекс - Хуыцаумæ дзыназæг сылгоймаджы сурæт, кӕцы йӕ аууон ӕмбӕхсы йӕ хъӕбулы. Уый у 30 азы размæ ӕгъатыр тугкалды диссаджы ирд ӕвдисӕндар.
Абон республикæйы æруагътой паддзахадон тырысатæ. Трагедийы бынаты ацæудзысты фыдохы мадзæлттæ, дидинджытæ сæвæрдзысты æнæазымæй фæмардуæвæг адæмы цыртмæ. Фæдисы дзæнгæрæг айзæлдзæн Зары къуылдымæй, уæлдæфмæ ауадздзысты тымбылæгтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0