Хуссарирыстойнаг параолимпиаг фæуæлахиз ис рог атлетикæйы ерысты Кæсæг-Балхъары

Хуссарирыстойнаг параолимпийаг фæуæлахиз ис Кæсæг-Балхъары рог атлетикæйы ерысты
Рафыссын
Кæсæг-Балхъары ацыдысты ерыстæ рог атлетикæйæ. Хайадисджытæ æрцыдысты Цæгат Ирыстонæй, Ессентуктæй, Прохладныйæ, Мидводтæй, Невинномыскæй, радзырдта Sputnik спортсмены тренер Гæззаты Аслан. Тренер банысан кодта, апрелы цы ерысты райстой хайад, уыдонимæ абаргæйæ, ныр сæ фæстиуджытæ кæй уыдысты æнтысджындæр.
"Апрелы дæр ма уыдыстæм ерысты, уый фæстæ та майы дæр акодтам 12 сывæллоны, уыдонæй 9 бацахстой 1, 2 æмæ 3 бынæттæ", - загъта уый.
Гæззаты Аслан ма радзырдта ерысты хайад кæй райстой 2005-2013 азы гуырд чспортсментæ.
"Ацы аз фыццаг хатт ауагътой ерыстæ параолимпийæгты ᾿хсæн, æмæ уым хайад райста не æмбæстагон Кокойты Олег", - радзырдта спортсмен.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, арæнæвæрд фадæттимæ сывæллæттæ фылдæр бадынц хæдзары æмæ сын никуыдæм вæййы ацæуæн. УФ равдыста фæндон, цæмæй ахæм сывæллæттæ дæр райдайой хайад исын спортивон ерысты. Ныр параолимпийæгтæ хайад исдзысты ацы ерысты традицион æгъдауæй.
"Спортсментæ нæма сты чысыл кармæ гæсгæ æмæ сæ фыццаг нысан уыдис сæхи сæрмагонд рекорд сæвæрын", – радзырдта Аслан.
Рог атлетикæйæ радон ерыстæ ацæудзысты июны Хуссар Федералон зылды чемпионаты Краснодары.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстон 106.3 fm.
Ног хабӕртты лентӕ
0