УФ Хъахъхъӕнынады министрад ныммыхуыр кодта украинӕйаг ӕфсӕдты "Град"-ӕй ӕхсыны кадртӕ

© Пресс-служба Минобороны РФ /  Ахизын медиабанкмæ"Град"
Град - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 май – Sputnik. Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрад ныммыхуыр кодта залпон ӕхсты реактивон системӕ "Град"-ы ӕхсты кадртӕ Украинӕйы, хъусын кӕны РИА Новости.
Видейы ӕвдыст цӕуы батарейы залпон ӕхст, уый фӕстӕ уыдон фӕивтой сӕ позици, цӕмӕй сӕ фӕстӕмӕ ма фехсой.
Уагдоны куыд банысан кодтой, аафтӕмӕй Уӕрӕсейы Скӕсӕны ӕфсӕддон зылды залпон ӕхсты реактивон системӕтӕ куынӕг кӕнынц украинӕйаг националистты ӕфсӕддонты ӕмӕ техникӕ.
Ӕхст ма цӕуынц ныхмӕлӕууӕджы артиллерион ӕмӕ минометон батарейтӕ, командон пункттӕ ӕмӕ хъахъхъӕнынадон бӕстыхӕйттӕ.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.
Ног хабӕртты лентӕ
0