Уæрæсейаг режиссер бавнæлдта куыстмæ Хуссар Иры театры

© Sputnik / Наталья АйриянПаддзахадон драмон театр
Паддзахадон драмон театр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 май — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры сценӕйыл уӕрӕсейаг режиссер сӕвӕрдзӕн спектакль "Самоубийцы" Николай Эрдманы æрмæгмæ гæсгæ, фехъусын кодтоа Sputnik театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзудцаты Тамерлан.
Нывӕзтгонд проект ӕххӕст цӕуы Уӕрӕсейы театралон архайджыты цӕдисы сӕрмагонд проект "режиссерская лаборатория"- йы фӕлгӕтты. Ивгъуыд аз паддзахадон драмон театры труппӕимӕ куыстой ӕртӕ хицӕн режиссеры Уӕрӕсейы театралон архайджыты цӕдисӕй. Уазджытӕ ӕрцыдысты Цӕдис ӕмӕ Хуссар Ирыстоны театры ӕмгуыстады фӕстиуӕгӕн. Ӕртӕ хицӕн режиссеры сӕвӕрдтой хицӕн эскизтæ (пьесӕйы скъуыддзаг) бынӕттон актертимӕ. Аргъгæнæг сын уыдысты сӕхӕдӕг актертӕ ӕмӕ театралон факультеты студенттӕ.
"Равзӕрстам Алексей Размахы куыст "Самоубийцы" скъуыддзаг, уый ныр ӕххӕстӕй ӕвӕрд цӕуы нӕ сценӕйыл. Режиссер куыстмӕ бавнӕлдта, хӕрдзтӕн сӕ ахадгӕ хай йӕхимӕ исы театралон архайджыты цӕдис", - загъта Дзуццаты Тамерлан.
Уыимӕ иумӕ премьерӕйы фӕстӕ спектаклӕн уыдзӕн фӕсарӕйнаг цард дӕр.
"Ацы аз июны райдайӕны спектаклы премьерӕ ацӕудзӕн Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры сценӕйыл. Уый фӕстӕ йӕ 19 июны ӕвдисӕм Тамбовы, 21-ы та Воронежы. Проект ӕххӕст цӕуы уӕрӕсейӕг стыр гастролты нывӕзты фӕлгӕтты.
Николай Эрдманы пьеса "Самоубийцы" фыст æрцыд XX æнусы, таурæгъ кæны 20-æм азты уавæрыл. Архайд цæуы мæскуыйаг фатеры. Æвдыст дзы цæуы уæззау, зындард нæлгоймаг Семен, кæцы цæры йæ ус æмæ йæ усы мадимæ. Фæстагмæ уый æрхъавыд йæхи марын, фæлæ уый дæр катайаг бирæтæн не ссис.
Ног хабӕртты лентӕ
0