Уыдоны фӕндыд цӕрын. Хуссар Иры ссардтой Зары трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Иры ссардтой Зары трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
Хуссар Иры ссардтой Зары трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 май – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны ацыдысты мысӕн мадзӕлттӕ, кӕцытӕ нывонд сты Зары трагедийы 30-ӕм афӕдзыбоны цытӕн. Ӕвзӕр боныгъӕдмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, мингай адӕм ссыдысты 33 адӕймаджы амӕлӕты бынатмӕ, цӕмӕй сын ссарой сӕ рухс нӕмттӕ.
Дидинтӕ сӕвӕрыны фӕстӕ ранымадтой фӕмардуӕвджыты нӕмттӕ. Хуссар Ирыстоны архайгӕ президент Бибылты Анатолийы тӕфӕрфӕсы тел фехъусын кодта республикӕйы культурӕйы министр Зассеты Жанна.
© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Иры ссардтой Зары трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
30-я годовщина Зарской трагедии - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.05.2022
Хуссар Иры ссардтой Зары трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
"Хӕст баййӕфта адӕмы, кӕцытӕ дзы лыгъдысты. Гуырдзиаг фыдгӕнджытӕ зыдтой, ацы фӕндагыл адӕм кӕй лидздзысты сӕ цӕрдтӕ фервӕзын кӕнынӕн, ӕмӕ сӕм сусӕгӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты. Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ 20 майы ирон адӕм ӕрбацӕуынц ардӕм, цӕмӕй ӕрымысой фӕмардуӕвджыты", - фехъусын кодта уый Бибылты Анатолийы ныхӕстӕ.
Фыдохы митингыл ӕрӕмбырдуӕвджытӕм бадзырдта ногӕвзӕрст президент Гаглойты Алан.
"30 азы рацыд, фӕлӕ ацы хъӕдгом нырма нӕ байгас. Ӕмӕ ахӕм хъӕдгӕмттӕ Ирыстоны бирӕ ис. Фӕлӕ махӕн бар нӕй, цӕмӕй сӕ ферох кӕнӕм. Алкӕмӕндӕр бузныг, абон ам кӕй ӕрӕмбырд стӕм ӕмӕ нӕ рох кӕнӕм нӕ иумӕйаг рис", - загъта Гаглойты Алан.
Уый зӕрдыл ӕрбалӕууын кодта, фашизм ӕмӕ нацизм нырма дӕр не скуынӕг кодтой. Знон Ирыстон афӕндараст кодта ноджы иу хъайтары, кӕцы тох кодта фашизмы ныхмӕ Украинӕйы. Абон Бестауты мыггаг фӕстаг хӕрзбон дзуры хъайтарӕн, кӕцы фӕмард сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы рӕстӕджы.
© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Иры ссардтой Зары трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
30-я годовщина Зарской трагедии - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.05.2022
Хуссар Иры ссардтой Зары трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
"Ӕндӕр гӕнӕн нӕй. Иууылдӕр ӕмбарынц, ацы знагыл мах куы нӕ фӕтых уӕм, уӕд махы онг дӕр ӕрбахӕццӕ уыдзӕн. Мах уынм, Уӕрӕсейы сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы хайад кӕй исы Ирыстоны фӕсивӕд дӕр. Алкӕмӕндӕр зын у, сӕйраджыдӕр, фӕмардуӕвджыты хиуӕттӕн. Фӕлӕ мӕн уырны, Ирыстоныл ногӕй кӕй скӕсдзӕн хур", - бахахх кодта Гаглойты Алан.
Митингы хайад райстой Цӕгат Ирыстоны делегаттӕ дӕр. Цӕгатирыстойнаг парламенты депутат Кучиты Гаррийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, 20 май у Фыдохы бон ӕрмӕст Ирыстоны хуссары нӕ, фӕлӕ цӕгаты дӕр.
© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Иры ссардтой Зары трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
30-я годовщина Зарской трагедии - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.05.2022
Хуссар Иры ссардтой Зары трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
Республикæйы ног историйы иууыл уæззаудæр бон ахаста 33 адæймаджы цард, тугӕрхӕм трагедийы 14 адæймаджы та фесты уӕззау цӕфтӕ. Фӕмардуӕвджытӕй иууыл кӕстӕрыл цыд 11 азы, хистӕрыл та — 73.
Трагедийы бынаты 2007 азы бакодтой мемориалон комплекс - Хуыцаумæ дзыназæг сылгоймаджы сурæт, кӕцы йӕ аууон ӕмбӕхсы йӕ хъӕбулы. Уый у 30 азы размæ ӕгъатыр тугкалды диссаджы ирд ӕвдисӕндар.
© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Иры ссардтой Зары трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
30-я годовщина Зарской трагедии - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.05.2022
Хуссар Иры ссардтой Зары трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
Ног хабӕртты лентӕ
0