Зары трагедийы амӕттӕгтӕй иууыл кӕстӕр. Куыд цæрынц сæ фырты фæстæ Къæбысты бинонтæ

© Photo : Из личного архива семьи ДжиоевыхКъӕбысты Батрадз
Къӕбысты Батрадз - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 май — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Къӕбысты Батрадз (Писо) уыд иууыл кӕстӕр 30 азы размӕ Зары бӕллӕхы бахауӕг адӕмӕй. Дӕсаздзыд лӕппу йӕ мӕлӕты размӕ сырӕхст бафӕдзӕхсын аннӕ лигъдӕтты, кӕцытӕ дӕр фӕцӕйхӕццӕ кодтой мӕлӕтхӕссӕг рагъмӕ. Сывӕллонӕн фыццаг фӕцӕф ис йӕ къах, фӕлӕ йӕ карджын гуырдзиаг лӕгтӕ баййӕфтой ӕмӕ йӕ амардтой сӕры ӕхстӕй.
Абон Къӕбысты Батрадзыл фыссынц ӕмдзӕвгӕтӕ, мыхуыр ыл кӕнынц уацхъуыдтӕ газетты ӕмӕ чингуыты.
© Из личного архива семьи КабисовыхКъӕбысты Виктор ӕмӕ Батрадзы зиан
Похороны Батрадза и Виктора Кабисовых - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.05.2022
Къӕбысты Виктор ӕмӕ Батрадзы зиан
Фыццӕгӕм сентябры йыл сӕххӕст уыдаид 41 азы, фӕлӕ Батрадзӕн нӕ бантыст скъола фӕуын, бинонтӕ скӕнын ӕмӕ бинонты бындур ӕмӕ ныфс суӕвын. Йӕ цард аскъуыд, 11 азы кары куы бахызт, уӕд. 20 майы уый йӕ фыды ӕфсымӕр Викторимӕ ацыд мӕлӕты фӕндагыл.
Сывӕллоны йӕ фыды ӕфсымӕр кодта хӕсты ахӕсты бахауӕг горӕтӕй ӕдасдӕр Дзаумӕ. Сӕумӕрайсом лӕппуйы рахизын кодта йӕ фыд Хазби. Батрадз ма фӕндагӕй фӕстаг каст ракодта йӕ мадмӕ, уый йӕ зыдта, рудзынгӕй йӕ фырты фӕстӕ кӕддӕриддӕр кӕй фӕкӕсы йӕ ныййарӕг. Фӕстаг хӕрзбон ын загъта йӕ фырт.
© Sputnik / Natalia AiriyanБатрадзы ныййарджытӕ
Родители Батрадза Кабисова - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.05.2022
Батрадзы ныййарджытӕ
Къӕбысты Хазби ӕмӕ йе 'мкъай Санахъоты Светлана ныр дӕр цӕрынц уыцы фатеры. Рыстзӕрдӕ мад ныр дӕр уарзы ацы къуымӕй йӕ цӕст дарын уыцы фӕндагмӕ. Ныр дзы фӕзынд сывӕллӕтты фӕзуат, фӕлӕ дзы сылгоймаджы раз хаттӕй хатт фӕзыны йӕ уарзон ныв - йӕ хъӕбул уым вӕййы сӕрӕгас, хъӕлдзӕг ӕмӕ йӕ мадмӕ худгӕйӕ скӕсы.
Цард ӕнӕ Писойӕ Къӕбысты бинонтӕн раздӕрау никуыуал уыдзӕн. 30 азы фӕстӕ дӕр бинонтӕ нӕ райстой сӕ фырты мӕлӕт. Сӕ мысинӕгтӕ радзурын дӕр сӕ сӕрӕн не сты - иу уысммӕ хъуырмӕ схӕццӕ вӕййы хъарӕг.
Фатермӕ бахизгӕйӕ цӕсты хауынц дыууӕ егъау хуызисты - Писо ӕмӕ йӕ фыды ӕфсымӕр Виктор. Сӕ фарсмӕ ӕдзард хъӕбулы къамтӕ, Зары трагедийы чингуытӕ, газеттӕ. Мад ӕвдисы ӕрвгъуыз худ, кӕцыйы мидӕг йӕ лӕппу ацы 20 майы йӕ фӕстаджы фӕндагыл.
"Ацы худы ацыд мӕ фырт, уазал бон уыд. Ацы хуынкъ та баззад нӕмыгӕй", - дзуры Светлана.
© Sputnik / Natalia AiriyanКъӕбысты Батрадзы худ
Шапка, в которой был Батрадз Кабисов 20 мая  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.05.2022
Къӕбысты Батрадзы худ
Къӕбысты бинонтӕн цыма сӕ хъысмӕт рагацау уыд скъуыддзаг, уыйау зыны. Уыдон хъуамӕ ацыдаиккой 19 майы, фӕлӕ сӕрибар хӕдтулгӕ не 'ссардтой. Бон фӕстӕдӕр транспорт цыд Дзулфыцӕн комбинаты цурӕй.
"Мӕ фыды 'фсымӕр аскъуыддзаг кодта ӕрлӕууын йӕ хомӕ, кӕцы цард комбинатмӕ ӕввахс, фӕлӕ Писо не 'рлӕууыд ӕмӕ рацыд хӕдзармӕ. Цыма йӕ зыдта, йӕ фӕстаг ӕхсӕв кӕй ӕрвиты йӕ бинонтимӕ", - мысы йӕ хо Инна.
© Photo : Из семейного архива семьи Кабисовых Батрадз йӕ фыдимӕ
Батрадз Кабисов и отцом - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.05.2022
Батрадз йӕ фыдимӕ
Лӕппу кӕд нырма 11 азы кары бахызт, уӕддӕр уыд нӕлгоймаджы ӕмсӕр. Фӕлӕ йӕ уыцы ӕхсӕв бафӕндыд йӕ фыды фарсмӕ баулӕфын.
"Уыцы ӕхсӕв мӕ фарсмӕ схуыссыд. Фынӕййӕ-иу цалдӕр хатты фесхъиудта, ӕвӕццӕгӕн ӕвзӕр фынтӕ уыдта", - дзуры йӕ фыд Хазби.
Нӕлгоймаг уыцы рӕстӕджы разамынд дӕтта Зары фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджытӕн, абон дӕр ма фӕсмон кӕны, йӕ къордмӕ фаг хӕцӕнгӕрз кӕй нӕ уыд, ууыл.
"Цыппар автомат нӕм уӕддӕр куы уыдаид... Уыйбӕрц адӕм цӕмӕн ӕмӕ цӕй тыххӕй ныццагътой", - дзыназы Хазби.
© Photo : Из личного архива семьи ДжиоевыхКъӕбысты Батрадз
Батрадз Кабисов - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.05.2022
Къӕбысты Батрадз
Зары трагедийы фӕстӕ бинонтӕ базыдтой, сӕ чысыл лӕппу кӕй фервӕзын кодта лигъдӕтты иу къорды. Йӕ фыды ӕфсымӕр та сывӕллоны йӕхицӕй ӕмбӕрзгӕйӕ райста уыйбӕрц нӕмгуытӕ ӕмӕ сын нымайӕн дӕр нал уыд.
Зары трагеди ссис Хуссар Ирыстоны историйы уӕззаудӕр сыфтӕй иу. Адӕмы мысинӕгтӕм гӕсгӕ, лигъдӕттӕ цы къуымы ныццагътой, уый туджы лӕсӕнӕй нал зынд, зиӕнттӕ цы хӕдтулгӕ ласта, уый туджы фӕд суанг рынчындоны онг нӕ аскъуыд.
"Цалынмӕ мӕ къахыл лӕууон, уӕдмӕ йӕм цӕудзӕн, мӕ зӕнӕг дӕр афтӕ. Афтӕ мӕм кӕсы, цыма мӕм алыхаттдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсы", - балхынцъ кодта йӕ хо Инна.
© Sputnik / Natalia Airiyan

Батрадзы альбом сабидоны

Батрадзы альбом сабидоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/4

Батрадзы альбом сабидоны

© Sputnik / Natalia Airiyan

Батрадзы конд ныв

Батрадзы конд ныв - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/4

Батрадзы конд ныв

© Sputnik / Natalia Airiyan

Батрадзы конд ныв

Батрадзы конд ныв - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/4

Батрадзы конд ныв

© Photo : Из личного архива семьи Джиоевых

Къӕбысты Батрадз

Къӕбысты Батрадз - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/4

Къӕбысты Батрадз

1/4

Батрадзы альбом сабидоны

2/4

Батрадзы конд ныв

3/4

Батрадзы конд ныв

4/4

Къӕбысты Батрадз

Ног хабӕртты лентӕ
0