https://sputnik-ossetia.com/20220520/zyndzhy-nysaniug-iron-admy-razdry-tsardy-16756036.html
Зынджы нысаниуæг ирон адæмы раздæры царды
Зынджы нысаниуæг ирон адæмы раздæры царды
Sputnik Хуссар Ирыстон
Ивгъуыд заманы ирон адæм цардысты бирæ бинонтæй – стыр хæдзар, астæуарт, уæрæх ердо. Комкоммæ-иу артмæ галтыл æрбаластой æнæхъæн хъæдтæ. Ахæм бинонтæ-иу куы... 20.05.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-05-20T12:50+0300
2022-05-20T12:50+0300
2022-05-20T12:50+0300
хуссар ирыстоны
радио иронау
зонад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/05/12/16755965_29:0:1473:812_1920x0_80_0_0_3871481fea09911884644325d8ef4f80.png
Зынджы нысаниуæг ирон адæмы раздæры царды
Sputnik Хуссар Ирыстон
Зынджы нысаниуæг ирон адæмы раздæры царды
Ивгъуыд заманы ирон адæм цардысты бирæ бинонтæй – стыр хæдзар, астæуарт, уæрæх ердо. Комкоммæ-иу артмæ галтыл æрбаластой æнæхъæн хъæдтæ. Ахæм бинонтæ-иу куы байуæрстой, куы-иу ахицæнтæ сты, уæд-иу сæхæдæг дæр æмæ сæ цалдæр фырты фырттæ дæр нымад уыдысты иу артæй байуаргæ æрвадæлтыл.Нырма дæр арæх фæдзурынц: дæ зынджы хай ахуыссæд. Æнæ зынг цæрæн нæ уыдис, æмæ артдзæсты зынг ахуыссын стыр æнамонддзинадыл нымад уыдис. Уымæн баззад æлгъыстæн дæр.Зынгæй хай лæвæрдтой æрмæст нæлгоймагæн, уымæй дæр æвзонг нæлгоймагæн, уымæн æмæ-иу бинонтæй байуæрстой зæрæдтæ нæ, фæлæ кæстæртæ.Зынгсирвæзты рæстæджы мæгуыр лæг нæ фæзивæг кодтаид йæ хæдзармæ Леуахийы дон раздахынмæ дæр. Фæлæ йын йæ артдзæсты фæнычы мидæг цы норст зынджытæ уыдис, уыдон ын зынаргъ уыдысты æмæ уыдоныл дон ауадзын стыр мардæрцыды хуызæн уыд. Уымæн нæ фæччыд зынг курын æмæ зынг дæттын дæр хурныгуылдæй фæстæмæ.Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ.Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/05/12/16755965_209:0:1292:812_1920x0_80_0_0_fd0723704eca6f1c997a5081b8036169.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , зонад, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , зонад, аудио
Зынджы нысаниуæг ирон адæмы раздæры царды
Ивгъуыд заманы ирон адæм цардысты бирæ бинонтæй – стыр хæдзар, астæуарт, уæрæх ердо. Комкоммæ-иу артмæ галтыл æрбаластой æнæхъæн хъæдтæ. Ахæм бинонтæ-иу куы байуæрстой, куы-иу ахицæнтæ сты, уæд-иу сæхæдæг дæр æмæ сæ цалдæр фырты фырттæ дæр нымад уыдысты иу артæй байуаргæ æрвадæлтыл.
Нырма дæр арæх фæдзурынц: дæ зынджы хай ахуыссæд. Æнæ зынг цæрæн нæ уыдис, æмæ артдзæсты зынг ахуыссын стыр æнамонддзинадыл нымад уыдис. Уымæн баззад æлгъыстæн дæр.
Зынгæй хай лæвæрдтой æрмæст нæлгоймагæн, уымæй дæр æвзонг нæлгоймагæн, уымæн æмæ-иу бинонтæй байуæрстой зæрæдтæ нæ, фæлæ кæстæртæ.
Зынгсирвæзты рæстæджы мæгуыр лæг нæ фæзивæг кодтаид йæ хæдзармæ Леуахийы дон раздахынмæ дæр. Фæлæ йын йæ артдзæсты фæнычы мидæг цы норст зынджытæ уыдис, уыдон ын зынаргъ уыдысты æмæ уыдоныл дон ауадзын стыр мардæрцыды хуызæн уыд. Уымæн нæ фæччыд зынг курын æмæ зынг дæттын дæр хурныгуылдæй фæстæмæ.
Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.