Ирыстоны алӕмӕттаг къуымтӕ. Чеселтгом

Ирыстоны алӕмӕттаг къуымтӕ. Чеселтгом
Рафыссын
Ирыстоны фенддаг къуымтыл зилгæйæ абон нæ балц акæндзыстæм Чеселтгоммæ – иууыл цымыдисондæр æмæ рæсугъддæр къуымтæй сæ иумæ. Машхарадон æмæ Чеселтдон кæм иу кæнынц, уырдыгæй суанг Бурхох æмæ Зикъара хохы онг у Чеселтгомы территори.
Ацы ком Чеселт цæмæ хуыйны, уый бæлвырдæй зындгонд нæу, фæлæ хистæр кары адæм куыд зæгъынц, уымæ гæсгæ комы ном рацыд Чеселаты кæнæ Чеселты мыггагæй. Ацы мыггаджы минæвæрттæ комы рагон цæрджытæ уыдысты, фæлæ дзы уыдонæй ничиуал баззад.
Ныртæккæ Чеселаты мыггаджы минæвæрттыл нал дæр Цæгаты, нал дæр Хуссар Иры ис фембæлæн. Уыдонæй равзæрдысты мыггæгтæ Кешелашвилитæ æмæ Кешелаватæ, иутæ дзы сæхи хоныц гуырдзиæгтæ, иннæтæ та мегрелитæ.
Комы бахизæны бæлццон бакъахдзæф кæны Дзуары хъæдмæ, уым ис рагон кувæндон Хуссары дзуар. Кувæндон арæзт æрцыд хохыл. Раздæр æм уыд зын схизæн, йæ фæндаг уыд къуылдым. Æцæг Ирыстоны рагон кувæндæттæн сæ фылдæр сты уæлхохыл, цæмæй адæймаг уыцы зынвæндæгтыл цæугæйæ сыгъдæг кæна йæ уд.
Ног хабӕртты лентӕ
0