https://sputnik-ossetia.com/20220522/lvrdton-vi-dtton-16652801.html
Лæвæрдтон æви дæттон?
Лæвæрдтон æви дæттон?
Sputnik Хуссар Ирыстон
Бирæ хатт фехъусæн ис лæвæрдтоны бæсты дæттон. Афтæ сахуыр сты, æмæ йæ хатгæ дæр нал кæнынц, раст кæй нæ дзурынц, уый. Адæймаг цæуыл фæцахуыр уа, уый зынæй... 22.05.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-05-22T11:09+0300
2022-05-22T11:09+0300
2022-05-22T11:09+0300
хуссар ирыстоны
радио иронау
зонад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/05/0a/16652723_29:0:1473:812_1920x0_80_0_0_53822d3eaee72015f3fe0fb9fd2da53c.png
Лæвæрдтон æви дæттон?
Sputnik Хуссар Ирыстон
Лæвæрдтон æви дæттон?
Бирæ хатт фехъусæн ис лæвæрдтоны бæсты дæттон. Афтæ сахуыр сты, æмæ йæ хатгæ дæр нал кæнынц, раст кæй нæ дзурынц, уый. Адæймаг цæуыл фæцахуыр уа, уый зынæй сафы. Æцæг у, дзырд æртæ афоны чысыл фендæртæ вæййы, фæлæ, æмткæй сисгæйæ, цы у, уымæй баззайы. Цæмæн фæцахуыр вæййынц иуæй-иу адæймæгтæ дæттон дзурыныл? Дзырдтæ сæ нысаниуæгмæ гæсгæ дих кæнынц къордтыл. Иу къордмæ цы дзырдтæ хауынц, уыдон ивгæ дæр æмхуызон æгъдæуттæм гæсгæ кæнынц. Зæгъæм, предметты нæмттæ иу къорды дзырдтæ сты æмæ тасындзæг дæр иугъуызон кæнынц. Архайд цы дзырдтæ амонынц, уыдон та хицæн къорд сты æмæ афонты формæтæ дæр иумæйаг æгъдæуттæм гæсгæ аразынц: фыссæм, бадæм, кусæм, фыстам, бадтыстæм, куыстам; фысдзыстæм, баддзыстæм, кусдзыстæм... Ирон æвзаджы æппæт мивдисджытæ афонты формæтæ аразынц ахæм иумæйаг фæткыл. Уыцы фæтк адæймаг сабийæ базоны æмæ уыцы иумæйаг фæткмæ гæсгæ йæхæдæг саразы дæттыны формæтæ дæр: дæттын – дæттон – дæтдзынæн. Уымæн æмæ лæвæрдтон уыцы фæткæй нæу æмæ йæ саби нæ зоны, алыхатт ыл нæ фембæлы. Сывæллоны рæстæгыл куынæ бараст кæнай, кæнæ та йæхæдæг куынæ бамбара, куыд растдæр у, уый, уæд афтæ дзурдзæн цæрæнбонтæм. Æрмæг арæзт æрцыд Гæбæраты Никъалайы чиныг "Цæмæн афтæ дзурæм"-мæ гæсгæ. Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстон 106.3 fm.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/05/0a/16652723_209:0:1292:812_1920x0_80_0_0_890f376e09edba7d130eea19539e158c.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , зонад, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , зонад, аудио
Бирæ хатт фехъусæн ис лæвæрдтоны бæсты дæттон. Афтæ сахуыр сты, æмæ йæ хатгæ дæр нал кæнынц, раст кæй нæ дзурынц, уый. Адæймаг цæуыл фæцахуыр уа, уый зынæй сафы.
Æцæг у, дзырд æртæ афоны чысыл фендæртæ вæййы, фæлæ, æмткæй сисгæйæ, цы у, уымæй баззайы. Цæмæн фæцахуыр вæййынц иуæй-иу адæймæгтæ дæттон дзурыныл? Дзырдтæ сæ нысаниуæгмæ гæсгæ дих кæнынц къордтыл. Иу къордмæ цы дзырдтæ хауынц, уыдон ивгæ дæр æмхуызон æгъдæуттæм гæсгæ кæнынц.
Зæгъæм, предметты нæмттæ иу къорды дзырдтæ сты æмæ тасындзæг дæр иугъуызон кæнынц. Архайд цы дзырдтæ амонынц, уыдон та хицæн къорд сты æмæ афонты формæтæ дæр иумæйаг æгъдæуттæм гæсгæ аразынц: фыссæм, бадæм, кусæм, фыстам, бадтыстæм, куыстам; фысдзыстæм, баддзыстæм, кусдзыстæм...
Ирон æвзаджы æппæт мивдисджытæ афонты формæтæ аразынц ахæм иумæйаг фæткыл. Уыцы фæтк адæймаг сабийæ базоны æмæ уыцы иумæйаг фæткмæ гæсгæ йæхæдæг саразы дæттыны формæтæ дæр: дæттын – дæттон – дæтдзынæн. Уымæн æмæ лæвæрдтон уыцы фæткæй нæу æмæ йæ саби нæ зоны, алыхатт ыл нæ фембæлы. Сывæллоны рæстæгыл куынæ бараст кæнай, кæнæ та йæхæдæг куынæ бамбара, куыд растдæр у, уый, уæд афтæ дзурдзæн цæрæнбонтæм.
Æрмæг арæзт æрцыд Гæбæраты Никъалайы чиныг "Цæмæн афтæ дзурæм"-мæ гæсгæ.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстон 106.3 fm.