Бибылты Анатолий сӕ бынӕттӕй ссӕрибар кодта ноджы цалдӕр чиновникы

© Министерство юстиции Южной ОсетииРХИ юстицийы министрад
РХИ юстицийы министрад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 23 май — Sputnik. Бибылты Анатолий къуырисӕры бафыста барамынд Хуссар Ирыстоны юстицийы министр Лалыты Зӕлинӕйы йӕ куыстӕй ссӕрибар кӕныны фӕдыл.
"Ссӕрибар кӕнын Лалыты Зӕлинӕйы Хуссар Ирыстоны Юстицийы министры бынатӕй йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ". - дзырдӕуы барамынды.
Ноджы ма иу указӕй йӕ бынатӕй сӕрибар ӕрцыд юстицийы министры хӕдивӕг Тедеты Нонна дӕр.
Уымӕй размӕ Бибылты Анатолий отставкӕйы арвыста президенты администрацийы сæргълæууæг Козаты Игоры, йӕ хӕдивджытӕ - ПА хъуыддæгты фæдыл управленийы гæс Зассеты Ацæмæз æмæ президенты пресс-секретарь Гасситы Динайы, президенты æххуысгæнæг Касаты Ацæмæз æмæ президенты уынаффæгæнæг Дзæгъиаты Уырызмæджы .
Уыдон иууылдæр сæрибар æрцыдысты сæхи куырдиæттæм гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0