Цыбырты Людвиг: сӕрибар цард нӕм уӕлӕрвтӕй не 'рхаудта цӕттӕйӕ

Цыбырты Людвиг:
Рафыссын
Мыхуыры рацыд Хуссар Ирыстоны фыццаг президент Цыбырты Людвигы трилогийы дыккаг том "Южная Осетия. Становление государства". Автор Цыбырты Людвиг куыд радзырдта, уымӕ гӕсгӕ, бирӕтӕ ныр нал дӕр зонынц, цы уӕззау фӕндӕвзарӕн фӕндӕгтыл рацыдысты ирон адӕм, уый.
"Республикӕйыл мӕ къухдариуӕгадӕй рацыд 21 азы, ацы рӕстӕгмӕ республикӕйы бындурон ивындзинӕдтӕ ӕрцыд. Хуссар Ирыстоны адӕм ӕдасӕй цӕрынц хӕдбар паддзахады, фӕлтӕртӕ ивынц. Уыимӕ иумӕ фӕсивӕдӕй иу хаймӕ фӕзынд ахӕм хъуыды, ома ахӕм цард уӕлӕрвтӕй ӕрхаудта цӕттӕйӕ", - загъта Людвиг Алексейы фырт.
Фыццаг президент куыд бафиппайдта, афтӕмӕй республикӕйы ӕвзонг ӕмбӕстӕгты хъуыдымӕ гӕсгӕ Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады истори райдыдта 2001 азӕй. Уый тыххӕй чиныджы мыхуыргонд ӕрцыдысты документтӕ ӕмӕ ӕрӕмджытӕ, кӕцытӕ дзурынц уыцы уӕззау периодыл.
"Ацы ӕрмӕджытӕ ӕвдисын, Хуссар Ирыстоны адӕм цы стыр трагедитӕ бавзӕрстой фӕлдзӕуӕн рӕстӕджы, хӕстӕй – абаргӕ сабырады рӕстӕгмӕ", - банысан кодта автор.
Цыбырты Людвиг бахахх кодта, йӕ къухдариуӕгады рӕстӕгмӕ кӕй ӕрхауд иууыл уӕззаудӕр ӕмӕ драматикондӕр период Хуссар Ирыстоны нырыккон историйы. Уыцы период, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, историографийы кӕронмӕ иртӕст не ‘рцыд.
Бӕстондӕр хъусут нӕ аудиоӕрмӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0