Иумӕйаг тыхтӕй аиуварс кӕндзыстӕм проблемӕтӕ: Цхинвалы цӕуы Гаглойты Аланы инаугураци

© Sputnik / Диана КозаеваЦхинвалы цӕуы Гаглойты Аланы инаугураци
Цхинвалы цӕуы Гаглойты Аланы инаугураци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 май – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны раз лӕууӕг хӕстӕ сӕххӕст гӕнӕн ис иумӕйаг тыхтӕй ӕмӕ ӕндидзынгӕнӕн зӕрдӕйы равгимӕ, загъта республикӕйы президент Гаглойты Алан инаугурацийы цытджын церемонийы.
Гаглойты Алан дыццӕджы официалон ӕгъдауӕй бахызт президенты бынатмӕ, адӕмы раз ард бахордта ӕмӕ райста президенты бӕлвырдгӕнӕн документ Централон ӕвзарӕн къамисы сӕргълӕууӕг Гӕджиты Эмилияйы къухтӕй.
"Ӕз бахордтон ард ӕмӕ уый мӕныл ӕвӕры тынг стыр бӕрн Хуссар Ирыстоны адӕмы раз. Закон ӕххӕст кӕнын, адӕймаджы бартӕ ӕмӕ сӕрибардзинад хъахъхъӕнын сты ахсджиагдӕр домӕнтӕ мидполитикон стабилондзинад бахъахъхъӕнынӕн ӕмӕ бӕстӕйы ӕнтыстджын социалон-экономикон райрӕзтӕн", - загъта Гаглойты Алан.
Цхинвалы цӕуы Гаглойты Аланы инаугураци
В Цхинвале проходит инаугурация президента Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.05.2022
Цхинвалы цӕуы Гаглойты Аланы инаугураци
Президент бахахх кодта, кӕй йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр куыст экономикӕйыл схӕцыны фӕдыл, бюджеты ӕфтиагон хайы ӕмвӕзад фӕфылдӕр кӕныны, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕмӕ социалон райрӕзты къабазы проблемон фарстытӕ аскъуыддзаг кӕныны фӕдыл.
"Фӕлӕ уыцы хӕстӕн ис сӕххӕст кӕнӕн, хъӕуынц нӕ иумӕйаг тыхтӕ ӕмӕ ӕндидзынгӕнӕн зӕрдӕйы равг. Мах хӕсджын стӕм спайда кӕнын уыцы историон фадатӕй, кӕцы нын абон ис. Махӕн ис ӕппӕт фадӕттӕ дӕр райрӕзтӕн Уӕрӕсейы алыварсон ӕххуысы руаджы", - банысан кодта уый.
Гаглойты Алан ма бахахх кодта, Хуссар Ирыстон йӕхи кӕй хъуамӕ сраст кӕна бирӕнымӕц амӕттӕгты раз, кӕцытӕ ӕрхастой ирон адӕмы бирӕ фӕлтӕртӕ Гуырдзыстонӕй сӕ сӕрибардзинад хӕдбардзинады сӕраппонд.
Хуссар Ирыстонмӕ президенты инаугурацимӕ ӕрцыдысты бирӕнымӕц уазджытӕ Уӕрӕсейӕ, ДАР, ЛАр, Дагъыстан, Хӕххон Карабах, Абхаз, Никарагуа, Цӕгат Ирыстонӕй.
Залы ма сты республикӕйы раздӕры къухдариуӕггӕнджытӕ дӕр.
Ног хабӕртты лентӕ
0