Къуаисайы скъолайæн радтой зындгонд поэт Хаджеты Таймуразы ном

© Sputnik / Natalia Airiyan Къуаиса
Къуаиса - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 май — Sputnik, Гæбæраты Элина. Горæт Къуаисайы скъолайæн радтой номдзыд ирон поэт Хаджеты Таймуразы ном. Ахуырадон уагдоны директор Хуыгаты Сулико куыд радзырдта Sputnik, афтæмæй ахæм скъуыддзаг райстой ацы аз Хуссар Ирыстоны Мадæлон æвзаджы боны хæдразмæ.
"Дзауы районы администрацийы коллеги æркаст Къуаисайы скъолайы педагогон коллективы иумæйаг куырдиатмæ æмæ аскъуыддзаг кодта раттын ахуырадон уагдонæн ирон поэт æмæ тæлмацгæнæг Хаджеты Таймуразы ном", - радзырдта уый.
Къуаисайы скъолайы банысан кодтой Мадæлон æвзаджы бон, мадзалмæ фæхуыдтой Хаджеты Таймуразы хойы – Джусойты Клавдия. Хуыгаты Суликойы ныхæстæм гæсгæ, уыцы бон фехъусын кодтой, скъолайæн кæй радтой Хаджеты Таймуразы ном.
"Мах сæрыстыр стæм, кæй хæссæм ацы диссаджы адæймаджы ном", - банысан кодта уый.
Нафи Джусоев и Таймураз Хаджеты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.06.2021
Хуссар Иры сӕнусон кӕндзысты Джусойты дыууӕ ӕфсымӕр Нафи ӕмӕ Таймуразы нӕмттӕ
Директор радзырдта, поэтимæ зонгæ кæй уыд йæ сабибонтæй фæстæмæ. Уый ма банысан кодта, Таймураз кæй равзæрста Хаджеты мыггаг, уымæн æмæ йæ фыды фыд хаста ном Хадже.
"Уый фæдыл мах ныффыстам поэты сфæлдыстадон фæсном æмæ æцæг мыггаг – Джусойты", - бафтыдта Хуыгаты Сулико.
Скъолайы директоры ныхæстæм гæсгæ, ахуырдзаутæ иттæг хорз зонгæ сты сæ æмзæххоны сфæлдыстадимæ æмæ арæх бакæсынц йе ‘мдзæвгæтæ алыхуызон мадзæлттыл.
Къуаисайы астæуккаг скъола у Дзауы районы егъаудæр скъолатæй иу, ахуыр дзы кæнынц 150 сывæллоны.
Къуыдаргомы райгуырдысты æмæ арвыстой сæ сабибонтæ Ирыстоны дыууæ зынгæ гоймаджы, дыууæ æфсымæры – Джусойты Нафи æмæ Хаджеты Таймураз. Уый размæ хъусын кодтой, сæ нæмттæ кæй ратдзысты дыууæ скъолайæн сæ райгуырæн комы. Нафийы ном ратдзысты Кировы хъæуы скъолайæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0