Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ скуынӕг кодтой Украинӕйы Гарзджын тыхты 436 лӕууӕн бынаты

© Sputnik / Алексей Куденко /  Ахизын медиабанкмæ УФ сӕрмагонд ӕфсӕддон операци
 УФ сӕрмагонд ӕфсӕддон операци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 май — Sputnik. Уӕрӕсейы Федерацийы ракетон ӕфсӕдтӕ скуынӕг кодтой Украинӕйы Гарзджын тыхты 84 фӕткдаруатон пункты ӕмӕ фехстой ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ техникӕйы 463 лӕууӕн бынаты. Уый тыххӕй фехъусын кодта брифингы Уӕрӕсейы Хъхахъхъӕнынады министрады официалон минӕвар инӕлар-майор Игорь Конашенков.
"Ракетон ӕфсӕдтӕ ӕмӕ артиллери скуынӕг кодтой Украинӕйы ӕфсады фӕткдаруаты 84 пункты, ӕфсӕддонты ӕмӕ техникӕйы 463 лӕууыны бынаты, афтӕ ма 137 артиллерион ӕмӕ минометон дӕлхайады ӕхсыны бынаты. Куынӕг ма ӕрцыдысты 13 танчы ӕмӕ ӕфсӕддон фидаргонд машинӕйы, цыппар "Град"-ы ӕмӕ хӕстӕрмӕджыты ӕртӕ фӕстауӕрцы", - загъта Конашенков.
Афтӕ ма авиафехстты руаджы мард ӕрцыдысты 210 фылдӕр националисты, скуынӕг кодтой 31 техникон фӕрӕзы.
Украинӕйаг хӕдтӕхӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.05.2022
Сӕрмагонд операцийы райдайӕнӕй УФ скуынӕг кодтой 300-йӕ фылдӕр хӕдтӕхӕг ӕмӕ вертолеты
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 178 хӕдтӕхӕджы, 125 вертолеты, 995 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 320 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 3243 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 425 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 1562 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 3123 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0