https://sputnik-ossetia.com/20220525/atkhut-rast-fndag-u-khay-tskhinvaly-12-m-skolayy-ayzlyd-dzngrg-16843077.html
"Атæхут. Раст фæндаг уæ хай!" Цхинвалы 12-æм скъолайы айзæлыд дзæнгæрæг
"Атæхут. Раст фæндаг уæ хай!" Цхинвалы 12-æм скъолайы айзæлыд дзæнгæрæг
ЦХИНВАЛ, 25 май — Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы 12-æм астæуккаг скъолайы æхсæрдæс рауагъдонæн æртыццæджы айзæлын фæстаг дзæнгæрæг. 25.05.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-05-25T12:16+0300
2022-05-25T12:16+0300
2022-05-25T15:38+0300
ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны
ахуырад
бæрæгбон
/html/head/meta[@name='og:title']/@content
/html/head/meta[@name='og:description']/@content
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/05/19/16841488_0:42:800:492_1920x0_80_0_0_9d26d9a146c6c963a3f13a1881846811.jpg
ЦХИНВАЛ, 25 май — Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы 12-æм астæуккаг скъолайы æхсæрдæс рауагъдонæн æртыццæджы айзæлын фæстаг дзæнгæрæг. Ацы бонмæ скъоладзаутæ бацæттæ кодтой бæрæгбонон нывæзт, рæсугъд сфæлыстой актон зал. Традицимæ гæсгæ цытджын линейкæ райдыдта Ирыстон æмæ Уæрæсейы Кады зарджытæй, кæцытæ рауагъдонтæ сæххæст кодтой сæхæдæг.Скъоладзауты нæ ферох ис Украинæйы нацизмы ныхмæ тохгæнæг æфсæддонты фарсмæ балæууын дæр. Уыдон сæххæст кодтой Олег Газмановы популярон зарæг "Вперед, Россия!". Рауагъдонтæн скъола фæуыны фæдыл раарфæ кодта йæ директор Ӕрсойты Геннадий. "Мæ зæрдæ уын зæгъы диссаджы хорз зæрдæйы уаг, Хуыцауы фæдзæхст ут æмæ уæ цард ацæуæт райсдзастæй æмæ сабырады", - загъта уый.Фидæны абитуриенттæн ма фæндагарфæтæ ракодта сæ фыццаг ахуыргæнæг Цхуырбаты Хатуна дæр. Уый дæр рауагъдонтау, йæ цæссыг нæ урæдта. Рауагъдонтæн арфæ кæнынмæ æрбацæуджыты хсæн ма уыд республикæйы президент Гаглойты Алан дæр. Уый йæхæдæг дæр ахуыр кодта ацы скъолайы. Ахуырады министр Гасситы Наталийы цæст дæр бауарзта рауагъдонтæн уæлахизтæ æмæ æнтыстытæ.Афтæ ма сын фыццагкъласогнтæ дæр загътой сæ арфæйы ныхæстæ, радзырдтой сын æмдзæвгæтæ, азарыдысты зарджытæ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/05/19/16841488_45:0:756:533_1920x0_80_0_0_b50bda987ff5409988b78b849db07693.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ, хуссар ирыстоны, ахуырад, бæрæгбон
ЦХИНВАЛ, 25 май — Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы 12-æм астæуккаг скъолайы æхсæрдæс рауагъдонæн æртыццæджы айзæлын фæстаг дзæнгæрæг.
Ацы бонмæ скъоладзаутæ бацæттæ кодтой бæрæгбонон нывæзт, рæсугъд сфæлыстой актон зал.
Традицимæ гæсгæ цытджын линейкæ райдыдта Ирыстон æмæ Уæрæсейы Кады зарджытæй, кæцытæ рауагъдонтæ сæххæст кодтой сæхæдæг.
Скъоладзауты нæ ферох ис Украинæйы нацизмы ныхмæ тохгæнæг æфсæддонты фарсмæ балæууын дæр. Уыдон сæххæст кодтой Олег Газмановы популярон зарæг "Вперед, Россия!".
Рауагъдонтæн скъола фæуыны фæдыл раарфæ кодта йæ директор Ӕрсойты Геннадий.
"Мæ зæрдæ уын зæгъы диссаджы хорз зæрдæйы уаг, Хуыцауы фæдзæхст ут æмæ уæ цард ацæуæт райсдзастæй æмæ сабырады", - загъта уый.
Фидæны абитуриенттæн ма фæндагарфæтæ ракодта сæ фыццаг ахуыргæнæг Цхуырбаты Хатуна дæр. Уый дæр рауагъдонтау, йæ цæссыг нæ урæдта.
Рауагъдонтæн арфæ кæнынмæ æрбацæуджыты хсæн ма уыд республикæйы президент Гаглойты Алан дæр. Уый йæхæдæг дæр ахуыр кодта ацы скъолайы.
"Ахуыр кæнут, размæ тырнут. Ацы царды æвæццæгæн æнæнхъæлæджы ницы вæййы. Ферох кæнут, уæ ахуырæнджытæ уæ цæй тыххæй æппæлыдысты, уыдон иууылдæр. æрмæст уæ зæрдыл дарут, цæй тыххæй-иу уæм хыл кодтой, уый. Зонын æй, мах иууылдæр сымахæй уыдзыстæм сæрыстыр", - загъта Гаглойты Алан.
Ахуырады министр Гасситы Наталийы цæст дæр бауарзта рауагъдонтæн уæлахизтæ æмæ æнтыстытæ.
Афтæ ма сын фыццагкъласогнтæ дæр загътой сæ арфæйы ныхæстæ, радзырдтой сын æмдзæвгæтæ, азарыдысты зарджытæ.