Фæстаг дзæнгæрæг. Хуссар Иры рауагъдонтæ хæрзбон дзурынц скъолайæн

© Sputnik / Natalia Airiyan Фæстаг дзæнгæрæг Хуссар Иры
Фæстаг дзæнгæрæг Хуссар Иры  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 май – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны скъолаты æртыццæджы айзæлдзæн фæстаг дзæнгæрæг цыппар сæдæйæ фылдæр рауагъдонæн. Бæрæгбонон линейкæтæ ахуырадон уагдæтты ацæудзысты райсомæй. Традицимæ гæсгæ, скъолатæ бабæрæг кæндзысты къухдариуæгады минæвæрттæ æмæ парламенты депутаттæ.
Президент Гаглойты Алан, кæцы знон официалон æгъдауæй бахызт йæ бынатмæ, нывæнды бабæрæг кæнын 12-æм скъола, кæцыйы йæхæдæг ахуыр кодта. Скъолайæн абон хæрзбон зæгъдзысты 497 рауагъдоны. Уыдонмæ нырма æнхъæлмæ кæсынц рауагъдон фæлварæнтæ.
Традицион рауагъдон бал та ацæудзæн июны кæрæтты, фидæны абитуриентты рауагъдон фæлварæнты фæстæ. Абон рауагъдонтæн ауадздзысты бæрæгбонон концерт столицæйы Театралон фæзуатыл.
Фæстаг дзæнгæрæджы бон фæткмæ хъус дардзысты МХМ кусджытæ. Ацы бон ма Цхинвалы кæцыдæр централон уынгтыл сæхгæндзысты фæндагон змæлд автотранспортæн. Абон 18.00 сахатæй сæрмагонд барамынды онг Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ æрæхгæндзысты Тæболты – Пушкины, Хетæгкаты – Тугъанты уынгты алвæндæгтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0