Гаглойты Алан фембæлд Днестргæроны делегациимæ

© Пресс-служба президента РЮОГаглойты Алан фембæлд Днестргæроны делегациимæ
Гаглойты Алан фембæлд Днестргæроны делегациимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 мая — Sputnik. Президент Гаглойты Алан фембæлд Уæрæсейы уæвæг Днестргæрон Молдаваг республикæйы официалон минæварады сæргълæууæг Леонид Манаковимæ, хъусын кæны æртыццæджы бæстæйы сæргълæууæджы пресс-службæ.
Манаков æрцыд Цхинвалмæ Хуссар Ирыстоны президенты инаугурацийы хайад райсыны тыххæй.
Фембæлды ма хайад райстой фæсарæйнаг хъуыддæгты министры х.æ. Медойты Дмитрий æмæ Днестргероны официалон минæвар Хуссар Ирыстоны Плиты Алан.
"Бузныг уæ дæн, кæй ссардтат рæстæг æмæ кæй æрцыдыстут Хуссар Ирыстонмæ. Уырны мæ, нæ республикæты хсæн цы ахастытæ æрфидар сты, уыдон ноджы тынгдæр кæй райрæздзысты", - загъта президент.
Гаглойты Алан ма арвыста бузныджы ныхæстæ ДМР сæргълæууæг Вадим Красносельскийы адресыл æмæ равдыста ныфс, фидæны кæй уыдзæн фылдæр фадæттæ кæрæдзимæ бæрæгбæттæм цæуынæн.
© Пресс-служба президента РЮОГаглойты Алан фембæлд Днестргæроны делегациимæ
Встреча с Главой Официального представительства Приднестровской Молдавской Республики в Российской Федерации Леонидом Манаковым - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.05.2022
Гаглойты Алан фембæлд Днестргæроны делегациимæ
Манаковы цæст дæр бауарзта Гаглойты Аланæн æнтыстытæ ахæм бæрнон бынаты æмæ бахахх кодта, Днестрæрон дæр Хуссар Ирыстонау кæй рацыд æфсæддон агресси.
"Мах лæмбынæг нæ хъус дардтам Хуссар Ирыстоны хабæрттæм, кæцы рацыд Гуырдзыстоны рдыгæй агресси. Фæлæ абон республикæ йæ стратегион партнер - Уæрæсейы фæрцы цæры сабырады", - загъта уый.
Хуссар Ирыстон æмæ Днестргæроны хсæн дипломатон ахастытæ райтынг сты 1994 азы, уæд бафыстой бадзырд хæларад æмæ æмгуыстады фæдыл. Ранæуæггонд бадзырд бафыстæуыд 2016 азы Цхинвалы.
Ног хабӕртты лентӕ
0