Къæбысты Мария: Хуссар Иры хъӕуы снывӕндын экономикæйы райрæзты фæндагон картæ

Къæбысты Мария: Республикæйы экономикæйы райрæзты фæндагон картæ хъæуы снывæндын
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны Зонад-Ирасæн институты ацыд экономикæйы фæдыл дыккаг зонадон семинар. Ауагъта йæ социалон æмæ экономикон иртæстыты хайады сæргълæууæг, экономикон зонæдты кандидат Къæбысты Мария. Семинары сæйраг темæ æмæ нысан цы уыд, уый тыххæй Sputnik радзырдта мадзалы сæйраг спикер.
Къӕбысты Мария куыд бамбарын кодта, афтæмæй ЗИИ зонадон конференцитæ уагъд цæуынц рагæй фæстæмæ традицион æгъдауæй, куыд фæстиуæгон сесситæ, афтæ. Фæлæ ныр цы семинар ацыд, уый у ногдзинад.
"Нæ хайады кусы фараст адæймаджы, уыдон активонæй архайынц зонадон фадыджы, сæ куыстытæ мыхуыры рацæуынц уæрæсейаг зонадон журналты, зонадон-практикон конференциты дæр арæх исынц хайад. Зæгъинæгтæ сын бирæ ис æмæ мæ фæнды, цæмæй сæ хъæлæс фехъусой нæ Республикæйы", - бамбарын кодта Къæбысты Мария.
Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй мадзал сæйраг нысан у зонад æмæ практикæйы адæмы баиу кæнын, цæмæй зонадон иртæстыты траекторийы раст фæндагыл ацæуой, афтæ ма Республикæйы экономикæйы райрæзты фæндагон картæ снывæндын.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0