Хуссар Иры президент райста хицауады отставкæ

© Sputnik / Наталья АйриянХицауад
Хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 май – Sputnik. Президент Гаглойты Алан бафыста барамынд Хуссар Ирыстоны министрты кабинеты отставкæйы фæдыл. Æмбæлон барамынд ныммыхуыр кодтой республикæйы сæргълæууæджы сайтыл æртыццæджы.
"Сæвæрын Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæст кæнын Бекъойты Геннадийыл", - дзырдæуы документы тексты.
Афтæ ма президент бахæс кодта хицауадæн æххæст кæнын сæ хæстæ ног министрты кабинеты арæзтады онг.
Хуссар Ирыстоны хицауад фехъусын кодта сæ отставкæйы тыххæй дыццæджы, президент Гаглойты Аланы инаугурацийы фæстæ.
Архайгӕ закъонмӕ гӕсгӕ, хицауады отставкӕйы райсты фӕстӕ президент дыууӕ къуырийы ӕмгъуыдмӕ бавдисы парламентмӕ ног хицауады сӕрдары кандидатурӕ, закъондӕттӕг органӕн йӕ ӕркастӕн хицӕн цӕуы иу къуыри.
Ног хабӕртты лентӕ
0