ПӔК фехъусын кодта, Цхинвалы цæрæг кæй дæтта бæрæггæнæнтæ гуырдзиаг спецслужбæтæн

© КГБ РЮОХуссар Иры ПӔК символика
Хуссар Иры ПӔК символика - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.05.2022
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны æмбæстаг сылгоймаг уыд гуырдзиаг спецслужбæты æндæвдады бын æмæ уымæ гæсгæ уыд семæ бастдзинадыл
ЦХИНВАЛ, 25 май – Sputnik. Цхинвалы цæрæг сылгоймаг лæвæрдта бæрæггæнæнтæ гуырдзиаг сæрмагонд службæтæн, уымæн рахастой официалон развæдзæхст, хъусын кæны æртыццæджы Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты пресс-службæ.
Фæсарæйнаг сæрмагонд службæты архайд аиуварс кæныны фæдыл гуысты фæлгæтты комитет сбæрæг кодта Цхинвалы цæрæджы, кæцыйæн уыд фидар бастдзинæдтæ гуырдзиаг спецслужбæты минæвæрттимæ, кæцытæн уый æмбырд кодта æмæ дæтта информаци Хуссар Ирыстоны территорийыл сæвзæргæ уавæры тыххæй.

"Бæрæг æрцыд, фæсарæйнаг сæрмагонд службæ хуссарирыстойнаг æмбæстаджы æмархайдмæ кæй кодта æндæвдады руаджы, æрхъирæнтæ йæм кодтой Гуырдзыстоны территорийыл йæ ныхмæ уголовон науæд административон хъуыддаг бакæнынæй", - банысан кодтой пресс-службæйы.

Сылгоймаг гуырдзиаг фарсæн цы бæрæггæнæнтæ адæтта, уыдон паддзахадон сусæгдзинад кæй не сты æмæ республикæйы æдасдзинадæн ницы зиан æрхастой, уымæ гæсгæ йын комитет рахаста официалон рагвæдзæхст æмæ йын бамбарын кодтой, ахæм архæйдтытæ кæй хауынц УФ УК 275 статьямæ - "Государственная измена".
Законмæ гæсгæ, ахæм уæззау фадракæнды тыххæй азымджынтæм æнхъæлмæ кæсдзæн 12-æй 20 азы онг ахæст.
Ног хабӕртты лентӕ
0