"Аэрофлот" сног кæндзæн æрвылбонон рейстæ Мæскуы-Дзæуджыхъæу 10 июнæй

© Sputnik / Наталья АйриянАэропорт
Аэропорт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 май – Sputnik. Уæрæсейаг авиакомпани "Аэрофлот" 10 июнæй сног кæндзæн рейстæ Мæскуыйæ Дзæуджыхъæумæ, хъусын кæны РИА Новости.
Авиакомпанийы сайтыл куыд банысан кодтой, афтæмæй рейстæ æххæст цæудзысты Airbus A320 хæдтæхджытыл. Маршрут "Шереметьево" – Дзæуджыхъæуы тахты рæстæг уыдзæн 2 сахат 50 минуты.
Бæстæйы хуссар æмæ централон хайы аэропорттæм тæхыныл арæнæвæрдтæ бакодтой 24 февралæй Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы райдайæны фæстæ. Уæрæсейаг авиакомпанитæн радтой рекомендаци сорганизаци кæнын сæ пассажирты аласт альтернативон маршруттыл æмæ пайда кæнын Сочи, Волгоград, Минералон дæттæ, Ставрополь æмæ Мæскуыйы аэропорттæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0