https://sputnik-ossetia.com/20220526/dargavsy-zappadz-ama-khazbedzhy-khokh-bytsydysty-iry-anamangay-batsauinag-bynatty-nomkhygdma--16861589.html
Дӕргъӕвсы зӕппадз ӕмӕ Хъазбеджы хох быцыдысты Иры ӕнӕмӕнгӕй бацӕуинаг бынӕтты номхыгъдмӕ
Дӕргъӕвсы зӕппадз ӕмӕ Хъазбеджы хох быцыдысты Иры ӕнӕмӕнгӕй бацӕуинаг бынӕтты номхыгъдмӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 26 май — Sputnik. Балцыты сервис Туту.ру сарӕзта ацы сӕрды ӕнӕмӕнгӕй бацӕуын кӕдмм хъӕуы, уыцы бынӕтты ӕмбырдгонд 90 локациимӕ. 26.05.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-05-26T16:22+0300
2022-05-26T16:22+0300
2022-05-26T16:22+0300
цӕгат ирыстон
ног хабӕрттӕ
культурӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/899/98/8999871_0:160:3073:1888_1920x0_80_0_0_b1e15d60fd18667a6753a863003d3be9.jpg
ЦХИНВАЛ, 26 май — Sputnik. Балцыты сервис Туту.ру сарӕзта ацы сӕрды ӕнӕмӕнгӕй бацӕуын кӕдмм хъӕуы, уыцы бынӕтты ӕмбырдгонд 90 локациимӕ. Цӕгат Кавказӕй рейтингмӕ бахаудтой дыууӕ бынаты Цӕгат Ирыстонӕй - Дӕргъӕвсы зӕппӕдзтӕ ӕмӕ Хъазбеджы хох.Рейтинг дих кӕны фараст категорийыл географион принципмӕ гӕсгӕ: топ-10 бынаты Уӕрӕсейы хуссар ӕмӕ цӕгаты, Централон уӕрӕсейы, Цӕгат Кавказы, Поволжьейы, Уралы, Скӕсӕйнаг ӕмӕ Ныгуылӕн Сыбыры, Дард Скӕсӕны.Цӕгат Кавказы иууыл стырдӕр зӕппадзы - Дӕргъӕвсы - ныгӕд сты 10 мины онг аланы - ирон адӕмы фыдӕлтӕ.Дӕргъӕвс у хъӕу Цӕгат Ирыстоны Горӕтгӕрон районы. Хъӕуы цур территорийыл цардысты адӕм бронзӕйы ӕнусӕй фӕстӕмӕ. Хъӕу хъӕздыг у алыгъуызон архитектурон цыртдзӕвӕнтӕй, зындгонд у хӕстон мӕсгуытӕй ӕмӕ "Мӕрдты горӕт"-ӕй, кӕцыйы ис 97 зӕппадзы. "Мӕрдты горӕт" у Цӕгат Ирыстоны иууыл цымыдисондӕр историкон фендтаг бынӕттӕй иу.Хъазбеджы хох у Алани ӕмӕ Централон Кавказы стырдӕр хох.
https://sputnik-ossetia.com/20210727/Tsgat-Irystony-batstt-kodtoy-tsyppar-nog-dinon-turiston-marshruty-12572004.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/899/98/8999871_170:0:2901:2048_1920x0_80_0_0_1b1b12d9c50926e67f34a6ed75a7829a.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ, культурӕ
цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ, культурӕ
Дӕргъӕвсы зӕппадз ӕмӕ Хъазбеджы хох быцыдысты Иры ӕнӕмӕнгӕй бацӕуинаг бынӕтты номхыгъдмӕ
ЦХИНВАЛ, 26 май — Sputnik. Балцыты сервис
Туту.ру сарӕзта ацы сӕрды ӕнӕмӕнгӕй бацӕуын кӕдмм хъӕуы, уыцы бынӕтты ӕмбырдгонд 90 локациимӕ.
Цӕгат Кавказӕй рейтингмӕ бахаудтой дыууӕ бынаты Цӕгат Ирыстонӕй - Дӕргъӕвсы зӕппӕдзтӕ ӕмӕ Хъазбеджы хох.
Рейтинг дих кӕны фараст категорийыл географион принципмӕ гӕсгӕ: топ-10 бынаты Уӕрӕсейы хуссар ӕмӕ цӕгаты, Централон уӕрӕсейы, Цӕгат Кавказы, Поволжьейы, Уралы, Скӕсӕйнаг ӕмӕ Ныгуылӕн Сыбыры, Дард Скӕсӕны.
Цӕгат Кавказы иууыл стырдӕр зӕппадзы - Дӕргъӕвсы - ныгӕд сты 10 мины онг аланы - ирон адӕмы фыдӕлтӕ.
Дӕргъӕвс у хъӕу Цӕгат Ирыстоны Горӕтгӕрон районы. Хъӕуы цур территорийыл цардысты адӕм бронзӕйы ӕнусӕй фӕстӕмӕ. Хъӕу хъӕздыг у алыгъуызон архитектурон цыртдзӕвӕнтӕй, зындгонд у хӕстон мӕсгуытӕй ӕмӕ "Мӕрдты горӕт"-ӕй, кӕцыйы ис 97 зӕппадзы. "Мӕрдты горӕт" у Цӕгат Ирыстоны иууыл цымыдисондӕр историкон фендтаг бынӕттӕй иу.
Хъазбеджы хох у Алани ӕмӕ Централон Кавказы стырдӕр хох.