Хъазиты Мелитон: Джыккайты Шамилы фæндыд Шекспирау 100 сонеты ныффыссын

Джыккайты Шамилыл мысинæгтæ
Рафыссын
Иуæндæс азы ацыд стыр поэт, æхсæнадон архайæг Джыккайты Шамилыл, æмæ уыимæ иумæ Ирыстоны дыууӕ хайыл дæр æвирхъауы трагеди куы᾿рцыд, уæдæй фæстæмæ. Зынгӕ поэты цырд ӕмӕ сфӕлдыстады тыххӕй Sputnik йæ хъуыдытæ загъта Ирыстоны фысджыты Цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон.

"Шамилæн йæ зæрды уыдис прозæйæ стыр уацмыс ныффыссын, фæлæ йын, хъыгыгæн, нæ бантыст. Афтæ ма ныффыста Шекспирау 100 сонеты, - радзырдта фыссæг.

Хъазиты Мелитоны ныхæстæм гæсгæ, ирон поэттæ сонеттæ кæд фыстой, уæддæр дзы Шамилы сфæлдыстад ничи æййафы.
Бирæ азты дæргъы Джыккайты Шамиль куыста Нарты кадджыты редакцийыл æмæ уый фæрцы Ирыстонмæ ис авд томæй æмбырдгонд.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстон 106.3 fm.
Ног хабӕртты лентӕ
0