Плиты Гацыр: Шамиль уыд ирон аив дзырды дӕсны ӕмӕ ӕцӕг ирон лӕг

Плиты Гацыр: Шамиль уыд ирон аивдзырды дӕсны ӕмӕ ӕцӕг ирон лӕг
Рафыссын
Цыппӕрӕмы, 26 майы рацыд 11 аз Джыккайты Шамилы ӕвирхъау мӕлӕтыл. Йӕ цард ӕмӕ сфӕлдыстад мысгӕйӕ профессор Плиты Гацыр загъта, Шамиль кӕй уыд нӕ дуджы интеллигенцийы раззагондӕр минӕвӕрттӕй сӕ иу.
"Шамиль уыд ирон аив дзырды дӕсны, ӕцӕг ирон лӕг, ӕцӕг ӕгъдауыл хӕст, ӕцӕг уынаффӕйы лӕг. Уый цӕуыл куыста, цӕуыл дзырдта, уыдон махӕн абоны бон дӕр сты ахсджиаг, зӕрдылдаринаг, ӕххӕсткӕнинаг", - загъта Плиты Гацыр.
Профессоры ныхӕстӕм гӕсгӕ, Шамилы ӕдзард поэтыл нӕй банымайӕн, фӕлӕ иууыл зӕрдӕриссӕн дӕр у йӕ трагикон ӕбуалгъ мӕлӕт.
"Уый уыд нӕ дуджы булӕмӕргъ. Йӕ ингӕны уӕлхъус ӕй комкоммӕ загътой, дзырдта уӕндонӕй ӕмӕ ӕргомӕй. Йӕхӕдӕг дӕр ӕй хорз зыдта, ӕргомӕй кӕй дзырдта, ӕнӕбарон кӕй уыд цардахсджиаг фарстытӕ дзурынмӕ, цыма развӕлгъау йӕ мӕлӕт зыдта", - банысан кодта уый.
Гацыр ма рахицӕн кодта, Шамиль кӕй уыл курдиатджын поэт, драматург, публицист, ирон литературӕйы историйы аразӕг ӕмӕ фыссӕг.
Ног хабӕртты лентӕ
0