Цхинвалы ацӕудзӕн уырыссаг культурӕйы фестиваль "Мӕ уарзон Уӕрӕсе"

© Пресс-служба представительства Россотрудничества в РЮОФестиваль "Моя любимая Россия!" Цхинвалы
Фестиваль Моя любимая Россия! Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 май – Sputnik. Цхинвалы майрӕмбоны ацӕудзӕн уырыссаг культурӕйы X регионалон фестиваль "Моя любимая Россия", радзырдта Sputnik мадзалы организатор Харебаты Марта.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фестиваль уагъд цӕуы ӕрвылаз дӕр Уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты цӕдисы хъӕппӕрисӕй Россотрудничествойы ӕххуысӕй, йӕ спонсор та у "Остелеком".

"Алы аз дӕр спонсор сывӕллӕттӕн саразы лӕвӕрттӕ, ацы аз дӕр уый ис нывӕзты. Концерт цӕудзӕн сӕрибар хуызы Ӕлборты Феликсы номыл музыкалон ахуыргӕнӕндоны. Кӕй фӕнды, уый ӕрбацӕуӕт ӕмӕ байхъусӕт. Мадзал баст у уырыссаг культурӕимӕ, уыдзысты дзы уырыссаг кӕфтытӕ, айзӕлдзысты уӕрӕсейаг композиторты уацмыстӕ, зарджытӕ", - радзырдта Харебаты Марта.

Уый ма бамбарын кодта, концерты хайад кӕй райсдзысты республикӕйы сфӕлдыстадон къордтӕ дӕр - музыкалон скъолайӕ, гимназ "Альбион"-ӕй, скъола-интернатӕй. Фесстивалы сӕйраг хайадисджытӕ сты сывӕллӕттӕ.
Мадзал райдайдзӕн 17:00 сахатыл.
Концерт  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.05.2022
Цхинвалы банысан кодтой Славяйнаг фыссынады бон концертӕй
Организатор ма бахахх кодта, мадзал конкурс кӕй нӕ уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ сывӕллӕттӕ мӕт кӕнын байдайынц, сӕ нуӕрттӕ фехалынц. Уый уыдзӕн фестивалы хуызы ӕмӕ йӕхайадисджытӕ равдисдзысты иууыл ирддӕр ӕмӕ цымыдисондӕр номыртӕ, кӕцытӕ сын ратдзысты фадат "стыр сценӕмӕ" рахизынӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0