Ирыстоны алӕмӕттаг къуымтӕ. Хъолайы хъæу

Ирыстоны алӕмӕттаг къуымтӕ. Хъолайы хъæу
Рафыссын
Чеселтгомы бæрзонд къуылдымыл ис Хъолайы хъæу. Уым цардысты Коцты мыггаг, уыдонæн дæр ис, ацы комы куыд æрцардысты, уый фӕдыл сӕхи ситори. Фыдæлты таурæгътæм гæсгæ, Чеселтгоммæ Коцты мыггагæй æрлыгъд дыууæ æфсымæры, сæ иу хуынд Хъола. Коцтæ цардысты Цæгат Ирыстоны Цъамады хъæуы, уым Хъолайæн йæ фырты амардтой, уæд фыд йæ фырты туг райста йæ туджджынтæй æмæ цæмæй мастисыны хъуыддаг дарддæр ма ацæуа, уый тыххæй, æрлыгъд Чеселтгоммæ. Уым цы хъæуы æрцард, уый схуыдтой Хъолайы хъæу.
Хъолайы хъæу Ирыстоны иннæ хъæутæй уæлдай ницæмæй хицæн кодта, цардис дзы хуымæтæг хæххон адæм. Фæлæ…
Хуссар Ирыстоны стæм адæймаг разындзæн, чи нæ фехъуыста ирон хъайтар Коцты Бегайы ном. Ацы ном ирон адæмæн у сæрибардзинады символ. 1830 азы июлы мæйы Хуссар Ирыстоны кæмттæм сифтонг кодтой æфсæддон æфхæрæн экспедици, инæлар Ренненкампфы къухдæриуæгады бын. Ацы æфхæрæн экспедицийы нысаниуæг уыд, ирон хæххон адæмы бассæттын, цæмæй сыл æлдариуæг кæной паддзахы администрацийы минæвæрттæ, уыдон фылдæр хатт уыдысты гуырдзиаг æлдæрттæ. Уыдон рагæй фæстæмæ Ирыстон нымадтой сæ дæлбар зæххыл. Ацы хъуыддагыл ирон адæм нæ састысты, æмæ карз тох кодтой гуырдзиаг æлдæртты ныхмæ. Ацы æфхæрæн экспедици уагъд цыд Кавказы басæттыны хæсты фæлгæтты. Ирыстоны бирæ кæмтты фембæлдысты карз ныхмæлæудимæ Ренненкампфы æфсад. Чеселтгомы Хъолайы хъæуы Коцты Бега дæр æрæмбырд кодта йæхи чысыл къорд. Уыдон уыдысты 30 адæймагæй. Дыууæ боны уыдон ныхмæ лæууыдсты бирæнымæц æфсæддонтӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0