Хуссар Ирӕй дыууӕ боксеры стох кодтой Уӕрӕсейы фыццагады

CC0 / / Бокс
Бокс - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 май — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны боксы скъолайы хъомылгӕнинӕгтӕ стох кодтой Уӕрӕсейы фыццагады, гуырахстджын ерысты лӕппутӕ ауагътой фӕйнӕ ӕртӕ тохы, уый тыххӕй Sputnik радзырдта боксы тренер Куымӕридтаты Родион.
Уӕрӕсейы фыццагад боксӕй цыд Анапайы 13-14 азы кары фӕсивӕды хсӕн. Хуссар Ирыстонӕй ерысты тох кодтой Гуыцмӕзты Тамерлан ӕмӕ Коцты Дауыт.
"Фӕйнӕ ӕртӕ тох ауагътой, уыдонӕй дыгӕйттӕ рамбылдтой, ӕртыккаг фембӕлдты чысыл уыдысты лӕмӕгъдӕр. Ерысты фӕстиуӕгӕн Коцты Дауыт ссис бронзӕйон призер", - загъта тренер.
Куымӕридтаты Родион ма рахицӕн кодта нӕ минӕвӕртты хорз тох ерысты.
"Гуыцмӕзты Тамерлан дыууӕ мӕйы ис ӕппынӕдзух ерысты. Рамбылдта Цӕгат Ирыстон фыццагад, ЦКФЗ ӕмӕ "Юность России" та сис финалист, Уӕрӕсейы фыццагады дӕр хорз стох кодта. Коцты Дауыт та у ЦКФЗ чемпион", - бафтыдта тренер.
Гуыцмӕзты Тамерланы цӕттӕ кӕны Куымӕридтаты Родион, Коцты Дауыты та Тедеты Александр.
Ног хабӕртты лентӕ
0