Плазмотерапи артроз ӕмӕ цӕфтӕн хос кӕнынӕн. Куыд аразынц РБМЦ процедурӕтӕ пациенттӕн

© Sputnik / Natalia AiriyanКозаты Дмитрий
Козаты Дмитрий - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 май – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Республикон бирӕпрофилон медицинон центры (РБМЦ) артроз ӕмӕ цӕфтӕн хос кӕныны райдыдтой пайда кӕнын ног методӕй плазмотерапийы ӕххуысӕй.
Плазмотерапи у физиотерапевтон процедурӕ, кӕцыйы рӕстӕджы пациентӕн бацадзынц тыджы расыгъдӕггонд ӕмӕ тромбоциттӕй фӕхъӕздыгдӕргонд плазмӕ. Ӕнӕниздзинад ӕмӕ солиалон райрӕзты министрад балхӕдта ӕмбӕлон ифтонгад мӕйы райдианы.
Дохтыр Козаты Дмитрий куыд радзырдта Sputnik, афтӕмӕй плазмотерапи рынчындоны арӕзтой раздӕр дӕр, лабораторон центрифугӕты ӕххуысӕй, ныр та пайда кӕдзысты сӕрмагонд центрифугӕйӕ.
"Раздӕр нӕ уыд сӕрмагонд пробиркӕтӕ, архайдтам алыгъуызон гемоконсерванттимӕ пробиркӕтӕй, кӕцытӕ иууыл хорз нӕ уыдысты ацы процедурӕйӕн. Ныр ног ифтонгад та бирӕбӕрцӕй фенцонвадат кӕндзӕн хъуыддаг", - загъта уый.
Медик бамбарын кодта, плазмотерапийӕ арӕхдӕр кӕй пайда кӕнынц травматологи ӕмӕ ортопедийы, ӕхгӕгты артрозӕн хос кӕнынӕн.
"Фылдӕр хатт уыдон вӕййынц егъау ӕрхӕгтӕ, зӕгъӕм, уӕраджы ӕрхӕг. Фӕпайда ма дзы кӕнынц сины, фатхъулы, уӕхскы, фӕкъӕдзгӕнӕнты ӕрхӕгты артрозы рӕстӕджы дӕр. Афтӕ ма плазма бауадзынц саст стӕджытӕ зынтӕй куы фӕгас кӕнынц уӕд ӕмӕ ӕндӕр цӕфты рӕстӕджы", - банысан кодта Козаты Дмитрий.
Ног ифтонгады ӕххуысӕй пациенттӕн хос кӕнын райдыдтой 23 маййӕ фӕстммӕ. Уӕдӕй абоны онг дохтырмӕ ӕххуысмӕ бахатыдысты 20 пациенты.
Ног хабӕртты лентӕ
0