Тæрхондон æркæсдзæн Къæбысты Георгийы хъуыддагмæ ног къуыри

© Sputnik / Наталья АйриянТæрхондон
Тæрхондон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 май— Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ног къуыри Цхинвалы горӕты тӕрхондон ӕркӕсдзӕн информаци ӕмӕ мыхуыры комитеты раздӕры сӕрдар Къӕбысты Георгийы хъуыддагмӕ, фехъуысын кодтой Sputnik тӕрхондоны пресс-службӕйы.

"Тӕрхонды рабадт нысан у фыццӕгӕм июньмӕ. Ӕркӕсдзысты ӕмгъуыдӕй раздӕр комитеты экс-сӕрдары ссӕрибар кӕныны хъуыддагмӕ. Хъуыддаг сгӕрст цӕудзӕн Цхинвалы тӕрхондоны сӕйраг тӕрхонгӕнджы къухдариуӕгадӕй", - загътой уагдоны.

Къæбысты Георгийы ныхмæ прокуратурæ бакодта уголовон хъуыддаг "кусæгон барты сæрты ахизыны" статьямæ гæсгæ. 7 ноябры 2017 азы Къæбысты Георгий урæд æрцыд.
Къæбысты Георгий 2008 азы нысан æрцыд бастдзинад æмæ информацийы министрæй. 2011 азы архайдта президентон æвзæрстыты. Хорзæхджын у Хуссар Ирыстоны уæлдæр æфсæддон хорзæх — орден "Уацамонгæ"-йæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0