Цхинвалы тæрхондон æрфарста Дзабиты Иналы хъуыддаджы æвдисæнты

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы тæрхондон
Цхинвалы тæрхондон  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы тæрхондон майрæмбоны æркаст Дзабиты Иналы амарын æмæ Цхуырбаты Николайы фæнæмыны фæдыл уголовон хъуыддагмæ.
Æвзæрстыты рæстæджы æрфарстой фондз æвдисæны – криминалон милицийы кусджыты.
Тæрхондонмæ цы æхсæз æвдисæнмæ фæдзырдтой, уыдонæй æрбацыдысты фондз – Æрсойты Ирбег, Тедеты Вадим, Мæлдзыгты Алексей, Бибылты Джумбер æмæ Лохты Артур. Æхсæзæм æвдисæн Джиоты Давид нæ æрбацыд тæрхондоны рабадтмæ.
Тæрхондон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.05.2022
Цхинвалы тæрхондон бафарста дыууæ æвдисæны Дзабиты Иналы хъуыддаджы фæдыл
Дзабиты Иналы хъуыддаджы фæдыл ивгъуыд рабадт ацыд 10 майы, уæд тæрхондон æрфарста дыууæ æвдисæны, æртыккаг уæд дæр не ‘рбацыд тæрхондоны рабадтмæ.
Ацы хъуыддаджы фæдыл азымджынтæй æдæппæт цæуынц авд адæймаджы, уыдонæй дыууæ – Наниты Ацæмæз æмæ Багаты Алан – сты ахæстоны. Тæрхондоны рабадтмæ æрбацыдысты Дзабиты Иналы идæдз Соттиты Оксана æмæ Цхуырбаты Николайы мад.
2020 азы августы кæрæтты Хуссар Ирыстоны МХМ криминалон милицийы бæстыхайы æрфарстыты фæстæ амард Цхинвалы цæрæг Дзабиты Инал. Цхинвалы центры ацыдысты митингтæ, цæмæй бафхæрой йæ амæлæты аххосджынты.
Ног хабӕртты лентӕ
0