https://sputnik-ossetia.com/20220528/iron-vzadzhy-lggadgng-dzyrdt--16793455.html
Ирон æвзаджы лæггадгæнæг дзырдтæ
Ирон æвзаджы лæггадгæнæг дзырдтæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзырдтæй иутæ хæдбар сты æмæ иунæджытæй дæр æвдисынц бæлвырд мидис. Дзуаппыты иугай дзырдтæ сæхæдæг куы дæттынц æххæст информаци, уæд уыдон хонæм хæдбар... 28.05.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-05-28T11:45+0300
2022-05-28T11:45+0300
2022-05-28T11:45+0300
хуссар ирыстоны
радио иронау
зонад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/05/14/16793427_29:0:1473:812_1920x0_80_0_0_e8a18b772043818cdee3e65841b9e643.png
Ирон æвзаджы лæггадгæнæг дзырдтæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон æвзаджы лæггадгæнæг дзырдтæ
Дзырдтæй иутæ хæдбар сты æмæ иунæджытæй дæр æвдисынц бæлвырд мидис. Дзуаппыты иугай дзырдтæ сæхæдæг куы дæттынц æххæст информаци, уæд уыдон хонæм хæдбар дзырдтæ.Не ʻвзаджы ма ис æндæр дзырдтæ дæр. Уыдон та рахонæм лæггадгæнæг дзырдтæ. Уыдонæн иунæджытæй, ома æнæ хæдбар дзырдтæй, сæ бон нæу исты мидис равдисын.Ахæмтæ сты, зæгъæм, канд, цур, руаджы фæрцы, æрмæст, дæр, æмæ, фæлæ, та, агъоммæ, æви, кæнæ, хæдæгай æмæ æндæртæ. Сæ нымæц бирæ нæу, фæлæ, зæгъгæ, куыстурæд расидтысты иу къуыримæ дæр, уæд тынг фæтыхсиккам нæ ныхасы. Лæггадгæнæг дзырдтæ цалдæргъуызон къорды сты.Мæнæ цас дзæбæх дзырдтæ вæййынц куы хицæуттæ, куы та хицæутты къæдзилтæ: сæр, хæстæг, æввахс, был, бын, фарсмæ, мидæг, æнхъæл, хуызæн, ардыгæй, дæле, фалæмæ, æддæдæр, комкоммæ, уæлдай, дарддæр, бæсты, хъус æмæ бирæ æндæртæ.Æрмæст æрдзы, æрмæст царды нæ, фæлæ æвзаджы мидæг дæр алы дзырдæн, алы иуæгæн йæхи сæрмагонд бынат ис, йæхи цымыдисон хъысмæт ын вæййы.Алæвæрд арæзт у Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ.Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/05/14/16793427_209:0:1292:812_1920x0_80_0_0_fb0eb01f5dbc261d2245d03496d2509e.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , зонад, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , зонад, аудио
Дзырдтæй иутæ хæдбар сты æмæ иунæджытæй дæр æвдисынц бæлвырд мидис. Дзуаппыты иугай дзырдтæ сæхæдæг куы дæттынц æххæст информаци, уæд уыдон хонæм хæдбар дзырдтæ.
Не ʻвзаджы ма ис æндæр дзырдтæ дæр. Уыдон та рахонæм лæггадгæнæг дзырдтæ. Уыдонæн иунæджытæй, ома æнæ хæдбар дзырдтæй, сæ бон нæу исты мидис равдисын.
Ахæмтæ сты, зæгъæм, канд, цур, руаджы фæрцы, æрмæст, дæр, æмæ, фæлæ, та, агъоммæ, æви, кæнæ, хæдæгай æмæ æндæртæ. Сæ нымæц бирæ нæу, фæлæ, зæгъгæ, куыстурæд расидтысты иу къуыримæ дæр, уæд тынг фæтыхсиккам нæ ныхасы. Лæггадгæнæг дзырдтæ цалдæргъуызон къорды сты.
Мæнæ цас дзæбæх дзырдтæ вæййынц куы хицæуттæ, куы та хицæутты къæдзилтæ: сæр, хæстæг, æввахс, был, бын, фарсмæ, мидæг, æнхъæл, хуызæн, ардыгæй, дæле, фалæмæ, æддæдæр, комкоммæ, уæлдай, дарддæр, бæсты, хъус æмæ бирæ æндæртæ.
Æрмæст æрдзы, æрмæст царды нæ, фæлæ æвзаджы мидæг дæр алы дзырдæн, алы иуæгæн йæхи сæрмагонд бынат ис, йæхи цымыдисон хъысмæт ын вæййы.
Алæвæрд арæзт у Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.