Ирыстоны алӕмӕттаг къуымтӕ. Борджнис

Ирыстоны алӕмӕттаг къуымтӕ. Борджнис
Рафыссын
Дзауы районы 1200 метры бæрзæнды денджызы æмвæзæй ис хæххон хъæу – Борджнис. Ацы ком йæ рæсугъддзинадæй йæхимæ æлвасы бӕлццӕтты. Кæд уын бантыса Борджнисы хъæумæ бацæуын, уæд ма фæдис ут, уæхи аргъауы куы фенхъӕлат.
Борджнисы хъæу у 5 километр дарддæр Дзауы поселокæй. Йæ æрдз бахъахъхъæдта фыццагон рæсугъддзинад æмæ ацы алæмæттаг ком фенгæйæ, адæймаг йæ æрхæндæг хъуыдытæ ферох кæны.
Ацы хъæуы фыццаг цæрæг хуынд Борджо æмæ, хистæр кары адæмы ныхæстæм гæсгæ, хъæу фæстæдæр схуыдтой Борджнис.
Фæззæджы комы тархъæд алыхуызон ахорæнтæй схъæздыг вæййы. Алкæмæн дæр мæ фæнды бауынаффæ кæнын, кæд уæ хæхты рæсугъддзинад фæнды фенын, уæд равзарут фæззæджы хорз хурбон, æмæ фендзыстут нывгæнæджы бон цы сурæт нæу радæттын ахæм аивдзинад.
Ног хабӕртты лентӕ
0