https://sputnik-ossetia.com/20220530/madlt-fydlt-rvadlt-16757684.html
Мадæлтæ, фыдæлтæ, æрвадæлтæ
Мадæлтæ, фыдæлтæ, æрвадæлтæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон æвзаджы ис æртæ фыдæлтыккон дзырды, æмæ сæ кæд чысылæй фæстæмæ зонæм, уæддæр фæтыхсæм, уыдонæй бирæон нымæц аразгæйæ. Уыцы дзырдтæ сты: мад, фыд æмæ... 30.05.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-05-30T12:09+0300
2022-05-30T12:09+0300
2022-05-30T12:09+0300
хуссар ирыстоны
радио иронау
зонад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/05/12/16757461_29:0:1473:812_1920x0_80_0_0_ab316f571b6de93b1d849e18bcb5d44f.png
Мадæлтæ, фыдæлтæ, æрвадæлтæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
Мадæлтæ, фыдæлтæ, æрвадæлтæ
Ирон æвзаджы ис æртæ фыдæлтыккон дзырды, æмæ сæ кæд чысылæй фæстæмæ зонæм, уæддæр фæтыхсæм, уыдонæй бирæон нымæц аразгæйæ. Уыцы дзырдтæ сты: мад, фыд æмæ æрвад. Уыдон афтæ сты иууон нымæцы. Æмæ бирæоны та: мæдтæ, фыдтæ, æрвадтæ æви мадæлтæ, фыдæлтæ, æрвадæлтæ?Иугæр "мадæл", "фыдæл" æмæ "æрвадæл" райдайæнæй фæстæмæ уыдысты бирæон нымæц аразыны бындуртæ, уæд законмæ гæсгæ хъуамæ дзурæм "мæдтæ" нæ, фæлæ "мадæлтæ", "фыдтæ" нæ, фæлæ "фыдæлтæ".Зæронд традицион формæты фарс активонæй куы рахæцой искæцы реалон тыхтæ, уæд гæнæн ис фæтыхджындæр уой уыцы зæронд формæтæ. Æвзаджы рæзт у æнæрынцой тох зæронд æмæ ног фæзындты ʻхсæн. Тохы сты мæдтæ, фыдтæ æмæ мадæлтæ, фыдæлтæ. Састы бынаты сæ чи баззайдзæн, уый равдисдзæн рæстæг йæхæдæг.Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ.Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/05/12/16757461_209:0:1292:812_1920x0_80_0_0_d06de90b2348f59af89c97fa38861755.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , зонад, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , зонад, аудио
Ирон æвзаджы ис æртæ фыдæлтыккон дзырды, æмæ сæ кæд чысылæй фæстæмæ зонæм, уæддæр фæтыхсæм, уыдонæй бирæон нымæц аразгæйæ. Уыцы дзырдтæ сты: мад, фыд æмæ æрвад. Уыдон афтæ сты иууон нымæцы. Æмæ бирæоны та: мæдтæ, фыдтæ, æрвадтæ æви мадæлтæ, фыдæлтæ, æрвадæлтæ?
Иугæр "мадæл", "фыдæл" æмæ "æрвадæл" райдайæнæй фæстæмæ уыдысты бирæон нымæц аразыны бындуртæ, уæд законмæ гæсгæ хъуамæ дзурæм "мæдтæ" нæ, фæлæ "мадæлтæ", "фыдтæ" нæ, фæлæ "фыдæлтæ".
Зæронд традицион формæты фарс активонæй куы рахæцой искæцы реалон тыхтæ, уæд гæнæн ис фæтыхджындæр уой уыцы зæронд формæтæ. Æвзаджы рæзт у æнæрынцой тох зæронд æмæ ног фæзындты ʻхсæн. Тохы сты мæдтæ, фыдтæ æмæ мадæлтæ, фыдæлтæ. Састы бынаты сæ чи баззайдзæн, уый равдисдзæн рæстæг йæхæдæг.
Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.