Ахсджиаг цау: Хуссар Иры президент республикæйы хæдбардзинад расидыны тыххæй

© Sputnik / Natalia AiriyanГаглойты Алан
Гаглойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 31 май - Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы уагъд цæуы æхсæнады минæвæртты бæрæгбонон æмбырд республикæйы хæдбардзинад расидыны Акт райсыны боны фæдыл.
Хуссар Ирыстон хæдбардзинад расидыны 30-æм афæдзыбон банысан кодта хуыцаубоны, 29 майы.
Парламенты рабадтыты залы æрæмбырд сты фыццаг æрсидты депутаттæ, кæцытæ райстой ацы документ, æндæр æрсидтыты депутаттæ, хицауады уæнгтæ, тыхон структурæтæ, интеллигенци æмæ æхсæнады минæвæрттæ.
© Sputnik / Natalia AiriyanБæрæгбонон æмбырд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад расидыны Акт райсыны боны цытæн
Торжественное собрание ко Дню принятия Акта о провозглашении независимости республики - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.05.2022
Бæрæгбонон æмбырд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад расидыны Акт райсыны боны цытæн
Æмбырд райдыдта документалон кинонывы равдыстæй, кæцыйы дзырд цыд бæстæйы нырыккон историйы иуыл ахсджиагдæр документтæй иу райсыны историйыл.
Бæрæгбонон мадзалы ралæууыд президент Гаглойты Алан дæр. Уый раарфæ кодта республикæйы адæмæн ацы историон датæйы фæдыл.
"30 азы рацыд уыцы историон бонæй, Уæлдæр совет куы райста документ, кæцы сбæлвырд кодта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады фæндаг", - загъта президент.
© Sputnik / Natalia AiriyanБæрæгбонон æмбырд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад расидыны Акт райсыны боны цытæн
Торжественное собрание ко Дню принятия Акта о провозглашении независимости республики - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.05.2022
Бæрæгбонон æмбырд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад расидыны Акт райсыны боны цытæн
Паддзахады сæргълæууæг зæрдыл æрбалæууын кодта, ацы цауы фæстæ гуырдзиаг агресси ноджы кæй фæкарздæр, фæлæ уый нæ асаста адæмы тырнындзинад сæрибардзинадмæ.
Гаглойты Алан бахахх кодта, республикæ кæй тырны райтынг кæнын интеграцион бастдзинæдтæ стратегион парнтнеримæ – Уæрæсеимæ. Президент ма радзырдта Уæрæсемæ бахизыны фæдыл референдумыл, кæцы ауадзыны тыххæй барамынд уый знон æрурæдта.
"Референдумы фарст скъуыддзаг куы цыд, уæд уый тыххæй нæ фехъусын кодтой гоймæгтæн Уæрæсейы, кæцытæ йæ хъуамæ зыдтаиккой. Абон та мах райдыдтам консультацитæ нæ коллегæтимæ. Никæмæн ис бар пайда кæнын республикæйы хъысмæтæй йæхи сæрмагонд интересты тыххæй", - фехъусын кодта Гаглойты Алан.
Президент æрсидт политикон тыхтæм, цæмæй æрбаиу уой æмæ иумæ кусой Хуссар Ирыстоны райрæзтыл.
© Sputnik / Natalia AiriyanБæрæгбонон æмбырд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад расидыны Акт райсыны боны цытæн
Торжественное собрание ко Дню принятия Акта о провозглашении независимости республики - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.05.2022
Бæрæгбонон æмбырд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад расидыны Акт райсыны боны цытæн
Ног хабӕртты лентӕ
0