Хуссар Иры хæдбардзинад расидыны 30-æм афæдзы бонмæ Цхинвалы бакодтой мемориалон фæйнæг

© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Иры хæдбардзинад расидыны 30-æм афæдзы бонмæ Цхинвалы бакодтой мемориалон фæйнæг
Хуссар Иры хæдбардзинад расидыны 30-æм афæдзы бонмæ Цхинвалы бакодтой мемориалон фæйнæг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 31 май – Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы дыццæджы бакодтой мемориалон фæйнæг Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад расидыны Акт райсыны 30-æм афæдзы бонмæ. Фæйнæг сæвæрдтой республикæйы парламенты бæстыхайы къулыл.
"Ацы бæстыхайы 1992 азы 29 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Совет расидт Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад", - фыст æрцыд ирон æвзагыл мемориалон фæйнæгыл.
© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Иры хæдбардзинад расидыны 30-æм афæдзы бонмæ Цхинвалы бакодтой мемориалон фæйнæг
Мемориальная доска посвященная 30-летию принятия Акта о провозглашении независимости РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.05.2022
Хуссар Иры хæдбардзинад расидыны 30-æм афæдзы бонмæ Цхинвалы бакодтой мемориалон фæйнæг
Абон ма закондæттæг органы рабадтыты залы ацыд æхсæнады минæвæртты бæрæгбонон æмбырд, кæцы нывонд уыд ацы нысаниуæгджын датæйæн. Мемориалон фæйнæг бакæныны церемонийы хайад райста президент Гаглойты Алан.
Афтæ ма къухдариуæгад, парламент æмæ æхсæнады минæвæрттæ дидинтæ æмæ веноктæ сæвæрдтой республикæйы фыццаг къухдариуæггæнæг Хъуылымбегты Торезы цыртмæ.
Хуссар Ирыстоны иууыл сӕйрагдӕр документтӕй иу райста республикӕйы Уӕлдӕр совет 1992 азы 29 майы. Ацы датӕ республикӕйы у бӕрӕгбонон. Хӕдбардзинады акты бындурыл фӕстӕдӕр арӕзт ӕрцыдысты паддзахадон атрибутикӕтӕ ӕмӕ къухдариуӕгады ӕнӕмӕнгхъӕуӕг институттӕ иууылдӕр.
Ног хабӕртты лентӕ
0