Цхинвалы цад цӕттӕ кӕнынц найӕн сезонмӕ

© Sputnik / Natalia Airiyan Городское озеро
Городское озеро - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 31 май — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Горӕты разамынад ӕрӕвнӕлдта цад найӕн сезонмӕ цӕттӕ кӕнынмӕ, фехъусын кодтой Sputnik горӕты администрацийы пресс-службӕйы.
Фӕстаг мӕйты горӕты цад у ӕнӕдон.
"Ныридӕгӕн куыст цӕуы йӕ алфӕмбылай территори ӕфнайыныл. Уый фӕстӕ райдайдзӕн йӕ цалцӕг - кӕцыдӕр фадгуытӕ хъӕуы бетонӕй бамбӕрзын, уый фӕстӕ дзы бауадздзыстӕм дон", - хъусын кӕны пресс-службӕ хӕрзарӕзтады дӕлхайады хистӕры хӕдивӕг Цхуырбаты Владимиры ныхӕстӕ.
Горӕты цад у адӕмы уарзон улӕфӕн бынат, ам ис сывӕллӕтты фӕзуат, тренажертӕ, хистӕр кары адӕм сӕ фӕллад фӕуадзынц йӕ алыварс цы бӕлӕстӕ ис, уыдон аууоны. Сӕрдыгон ӕндӕфы доны цур вӕййы сатӕг уӕлдӕф. Кӕд санитарон службӕтӕ ӕрвылаз фӕдзӕхсынц доны ӕвзӕр гъӕдӕй, уӕддӕр уый улӕфджыты нӕ уромы найынӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0