Хуссар Иры Генпрокуратурæ райдыдта басгæрсттæ президенты фæдзæхстмæ гæсгæ

© Sputnik / Natalia Airiyan РХИ прокуратурæ
РХИ прокуратурæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны генералон прокуроры хæстæ æххæстгæнæг Битеты Сергей бахæс кодта ауадзын басгæрст республикæйы президент Гаглойты Аланы фæдзæхстмæ гæсгæ, хъусын кæны цæстдардон уагдоны пресс-службæ.
"Республикæ Хуссар Ирыстоны Генпрокуратурæйы арæзт æрцыдысты æмæ архайынц кусæгон къордтæ, сорганизаци кодтой æнæмæнгхъæугæ æмархайд Республикæ Хуссар Ирыстоны Контролон-нымайæн палатæимæ, республикæйы барадхъахъхъæнæг органтимæ", - дзырдæуы хъусинаджы.
Генпрокуратурæйы куыд банысан кодтой, афтæмæй басгæрсттæ хауынц РХИ æмбастагадмæ фæсарæйнаг æмбæстæгты æмæ æнæ æмбæстæгадæй гоймæгты райсынмæ 2022 азы 1 январæй 24 майы онг периоды, афтæ ма республикæйы æмбæстæгтæн сæрмагонд æмæ æфсæддон нæмттæ, паддзахадон граждайнаг службæйы къласы чинтæ раттыны законад, "булкъон" æмæ "1 къласы паддзахадон уынаффæгæнæг"-æй бæрзонддæр æмвæзадмæ уыцы периоды.
Уымæй дарддæр прокурортæ басгардзысты республикæйы æмбæстæгтæн æмæ фæсарæйнæгтæн хæстон хæцæнгарз раттыны законад, афтæ ма паддзахадон органтæ, уагдæттæ æмæ организациты балансыл уæвæг хæдтулгæты сфыссыны законад. Ацы басгæрсттæ хауынц 2022 азы фыццаг фондз мæймæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0