Хуссар Иры Сатихъары хъæуы басыгъд хисæрмагонд хæдзар - УУМ

© Sputnik / Aram Nersesyan /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры Сатихъары хъæуы басыгъд хисæрмагонд хæдзар
Хуссар Иры Сатихъары хъæуы басыгъд хисæрмагонд хæдзар  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Сатихъары хъæуы дыццæджы æхсæвы æрцыд зынгсирвæзт хисæрмагонд хæдзары, хъусын кæны республикæйы Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæ.
Радгæсон хайадмæ иууæладзыгон хисæрмагонд хæдзары ссыгъды фæдыл хъусинаг бацыд æхсæвы 01.14 сахатыл, цауы бынатмæ ацыдысты дыууæ зынгфæдисон къорды.
"Зынгсирвæзты фæстиуæгæн сугæй хæдзар æнæхъæнæй басыгъд, артæй фервæзын кæнын бантыст æрмæст æфтуанагъуыст. Зынгсирвæзты фæстиуæгæн зианбаййафджытæ нæй", - банысан кодтой уагдоны.
Специалисттæ бæрæг кæнынц зынгсирвæзты аххосæгтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0