Референдумы Централон къамис æрурæдта йæ куыст – Хуссар Иры ЦÆК

© ЦИК РЮО Хуссар Иры ЦÆК
Хуссар Иры ЦÆК - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 июн – Sputnik, Козаты Диана. Референдумы Централон къамис æрурæдта йæ куыст Хуссар Ирыстоны президенты барамындмæ гæсгæ, фехъусын кодта Централон æвзарæн къамисы секретарь Аулохты Кристина.
Уый размæ Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бахæс кодта ауадзын консультацитæ Мæскуыимæ фарстыты фæдыл, кæцытæ баст сты республикæ æмæ Уæрæсейы дарддæры интеграциимæ, уыцы консультациты кæронмæ та æруромын 13 майы барамынд Уæрæсеимæ баиу кæныны референдумы фæдыл.
"ЦÆК нæ æрурæдта йæ куыст. 2016 азæй фæстæмæ къамис кусы иудадзыг профессионалон бындурыл, сæйраджыдæр, йе ‘ртæ уæнг – сæргълæууæг, йæ хæдивæг æмæ секретарь", - банысан кодта Аулохты Кристина.
Уый зæрдыл æрбалæууын кодта, республикæйы кæй цыд æвзарæн компани президенты æвзæрстыты фæдыл, уыдон ацыдысты, ЦÆК хатдзæгтæ скодта. Афтæмæй, æвзæрстытæм цæттæ кæнын æмæ ауадзыны фæдыл куыст фæцис.
"Законмæ гæсгæ, референдум ауадзыны рæстæджы ЦÆК кусы референдумы Централон къамисы хуызы. Референдум снысан кæныны фæдыл барамынд кæй æрурæдтой, уый фæдыл референдумы Централон къамис дæр æрурæдта йæ куыст ацы фарсты фæдыл президенты æмбæлон уынаффæйы онг", - бахахх кодта Аулохты кристина.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ЦÆК кусджытæ, йæ сæргълæууæг, хæдивæг æмæ секретарæй дарддæр, абоны бонæй æрыздæхтысты сæ сæйраг куысты бынæттæм.
Уæрæсеимæ баиу кæныны фæдыл референдум снысан кæныны барамынд 13 майы бафыста раздæры президент Бибылты Анатолий. Документмæ гæсгæ, плебисцит хъуамæ ацыдаид 17 июлы.
Ног хабӕртты лентӕ
0