Уæрæсейаг æфсад скуынæг кодта америкæйаг гаубицаты батарей Украинæйы

© Sputnik / Илья ПиталевУæрæсейаг æфсад
Уæрæсейаг æфсад  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 июн —Sputnik. Уæрæсейаг æфсæддонтæ скуынæг кодтой америкæйаг гаубицаты батарей, кæцытæ радтой Украинæйæн, афтæ ма 140-мæ æввахс националисты, фехъусын кодта Хъахъхъæнынады министрады официалон минæвар инæлар-майор Игорь Конашенков.
"Скуынæг кодтой 140-мæ æввахс националисты, афтæ ма хæстон техникæ æмæ хæцæнгарзы 24 иуæджы, сæ нымæцы 155-мм гаубицатæ М777 батарей, 203-мм сармадзан 2С7 "Пион", залпон æхсты реактивон системæ "Град" æмæ хæстæрмæджыты дыууæ æфтауцы", - хъусын кæны Игорь Конашенковы ныхæстæ РИА Новости.
Афтæ ма ракетон æфсæдтæ æмæ артиллери скуынæг кодтой фæткдаруаты 128 пункты, артиллерион æмæ минометон батарейты 169 æхсæн позици, украинæйаг техникæ æмæ æфсæддонты 623 лæууæн бынаты.
"Уæрæсейаг уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ иу суткæмæ æрыппæрстой иу украинæйаг хæдтæхæг Су-25 Донецкы адæмон республикæйы Сергеевкайы районы æмæ иу вертолет Ми-8 Харьковы районы", - загъта уый.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 185 хӕдтӕхӕджы, 129 вертолеты, 1077 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 326 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 3363 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 457 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 1744 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 3329 иуӕджы.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.
Уæрæсейаг авиаци скуынæг кодта 290 онг националисты Донецкы адæмон республикæйы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.05.2022
Уæрæсейаг авиаци скуынæг кодта 290 онг националисты Донецкы адæмон республикæйы
Ног хабӕртты лентӕ
0