Хуссар Иры ӕнӕхъусдард нӕ зайынц Гуырдзыйы ӕрсидтытӕ дыккаг фронт бакӕныны фӕдыл

© Sputnik / Диана КозаеваФӕскавказы ӕдасдзинады фарстыты фӕдыл Женевайаг дискусситы ӕмсӕрдӕрттимӕ фембӕлд
Фӕскавказы ӕдасдзинады фарстыты фӕдыл Женевайаг дискусситы ӕмсӕрдӕрттимӕ фембӕлд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 июн – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ӕнӕхъусдардӕй нӕ уадзынц Гуырдзыстоны ӕрсидтытӕ дунейы сӕвзӕргӕ уавӕрӕй спайда кӕнын ӕмӕ Хуссар Ирыстоны фарст тыхӕй аскъуыддзаг кӕнынмӕ раздӕхыны фӕдыл. Уый тыххӕй фехъусын кодта президенты уынаффӕгӕнӕг Коцты Константин Фӕскавказы ӕдасдзинады фарстыты фӕдыл Женевайаг дискусситы ӕмсӕрдӕрттимӕ фембӕлды.
Ӕхсӕнадӕмон организациты минӕвӕрттӕ Цхинвалмӕ ӕрцыдысты цыппӕрӕмы, цӕмӕй ӕруынаффӕ кӕной радон дискусситӕ ауадзыны фадӕттыл.
"Махмӕ ӕнӕхъусдардӕй нӕ баззайынц фӕсарӕйнаг акторты ӕрсидтытӕ Гуырдзыстонмӕ, цӕмӕй уыдон сӕвзӕргӕ уавӕрӕй спайда кӕной ӕмӕ тыхон фӕрӕзтӕй акъуыддзаг кӕной сӕ стратегион нысан, афтӕ ма Гуырдзыстоны активон ӕфсӕддон ӕмархайд йӕ фӕсарӕйнаг партнертимӕ. Уый ахъаз кӕны Кавказы регионы ӕндыгъд уавӕр ноджы фӕтынгдӕр кӕнынӕн. Нымайӕм, ног домӕнтӕ кӕй хъуамӕ стимуляци кӕной позитивон ӕрсидтмӕ", - загъта Коцты Констинтин.
Уыимӕ иумӕ ма, банысан кодта президенты уынаффӕгӕнӕг, фӕстаг рӕстӕджы Гуырдзыстоны бӕрӕг хиуылхӕст ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад дӕтты бындур цавӕрдӕр оптимизмӕн Женевӕйаг дискусситы хайадисджыты констурктивон ахастытӕн ӕмӕ тыхӕй ма спайда кӕныны документыл бакуысты перспективӕйӕн.
РХИ хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.04.2022
Цхинвалы тыхсын кӕны Женеваг дискусситы ӕрурӕд – хуссаирыстойнаг делегацийы разамонӕг
Уымӕй размӕ Украинӕйы Националон ӕдасдзинады советы секретарь Алексей Данилов фехъусын кодта, Киевӕн кӕй баххуыс уаид "Уӕрӕсейы ныхмӕ дыккаг фронт бакӕнын". Нӕдӕр Гуырдзыстоны къухдариуӕггӕнӕг парти "Гуырдзыстоны бӕллиц", нӕдӕр оппозици Даниловы хъуыдыйыл не сразы сты. Гуырдзыстоны премьер Ираклий Гарибашвили загъта, Украинӕйы уавӕрмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ Тбилис Уӕрӕсейы ныхмӕ "Дыккаг фронт" кӕй нӕ бакӕндзӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0