Омбудсмен низæфхæрд сывæллæтты тыххæй: хъæуы фылдæр кæнын инклюзи Хуссар Иры

© Sputnik / Natalia AiriyanЦхуырбаты Татьяна
Цхуырбаты Татьяна - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 июн – Sputnik, Гæбæраты Элина. Низæфхæрд сывæллæтты проблемæтæ сты приоритетон сывæллæтты омбудсмены куысты, радзырдта Sputnik Хуссар Ирыстоны президенты цур сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджын Цхуырбаты Татьяна.
Уый банысан кодта, рагæй зонгæ кæй у низæфхæрд сабитимæ бинонтимæ æмæ бахахх кодта, фæстаг фондз азы дæргъы уыдон кæй истой сæрмагонд ифтонгарз.
"Зæрдæ райы, низæфхæрд сабитæн абоны бон кæй ис цæуыны фæрæзтæ, туаггуыр, медицинон сынтæгтæ. Кæд алкæмæн нæ баххуыс кодтам, уæддæр бирæ сывæллæтты цард фенцондæр кодтам", - фехъусын кодта Цхуырбаты Татьяна.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, "хъæуы фæфылдæр кæнын инклюзи Хуссар Ирыстоны".
"Махмæ ис коррекцион класс скъола-интернаты базæйыл Цхинвалы, кæцы бакодта Цыбырты Марина. Уый æнтыстджынæй кусы, æмæ дзы ис æнæмæнгхъæугæ ифтонггарз. Ахуыртæм цæуынц 26 сабийы", - загъта Цхуырбаты Татьяна.
Сывæллæтты омбудсмен бахахх кодта, кæй сарæзтæуыд дыууæ социалон проекты низæфхæрд сабитæн.
Дзырд цæуы ипподромыл, кæцы бакодтой æрæджы, афтæ ма адаптивон ленк кæныны инструкторыл, кæцыйы фæнд кæнынц фæхонын Уæрæсейæ.
Цхуырбаты Татьяна бахахх кодта, æрмæст низæфхæрд сабиты нæ хъæуы адаптаци æхсæнады цардмæ, фæлæ цæрджытимæ дæр хъæуы кусын, цæмæй сæм æмбаргæ ахаст дарой.
Ног хабӕртты лентӕ
0